филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:02 воскресенье, 01 февраля 2026
20 апреля 2023, 11:20
Хæзныдоны скъола арæх бабæрæг кæнынц йæ рауагъдонтæ

Ацы хатт æрбацыдысты, 60 азы размæ йæ каст чи фæци, уыдон

Рох кæнæн кæмæн нæй, уыцы рæстæг. Царды цыдимæ алкæмæдæр ис цавæрдæр зæрдылдарæн рæстæг. Фæлæ, æвæццæгæн, скъолайы цы азтæ арвиты, уыдонæн та ис уæлдай ахадындзинад. Хæзныдоны скъола арæх бабæрæг кæнынц йæ рауагъдонтæ. Ацы хатт æрбацыдысты, 60 азы размæ йæ каст чи фæци, уыдон. Кæд, цы бæстыхайы ахуыр кодтой, уым ног арæзтад конд æрцыд, уæддæр сæхи æнкъардтой райгондæй. Цин кæнынц абоны ахуырдзауты уавæртыл. Хæзныдоны Тубеты Сланбеджы номыл скъолайы коллектив æмæ сывæллæттæ сын се рбацыдмæ  бацæттæ кодтой сæрмагонд программæ. Ацы рауагъды минæвæрттæй бирæтæ систы зындгонд, æхсæнадæн пайдайаг адæм. Дохтыртæ, амалхъом адæм æмæ æндæр дæсныйæдтыл хæст адæм. Уыимæ сты кадджын, фæзминаг кæстæртæ чи хъомыл кæны, ахæм хистæртæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania