Бирæ азты ацы ахуыргæнæндоны лæвæрдта уырыссаг æвзаг, литературæ, нывкæнынад æмæ цардархайды æдасдзинады бындуртæ
Хæзныдоны скъолайы бæстæзонæн музейы байгом кодтой мемориалон фæйнæг Сихъоты Хъазыбегæн. Бирæ азты ацы ахуыргæнæндоны лæвæрдта уырыссаг æвзаг, литературæ, нывкæнынад æмæ цардархайды æдасдзинады бындуртæ. Йæ ахуырдзаутæ куыд мысынц, афтæмæй Сихъоты Хъазыбег хуымæтæг ахуыргæнæн нæ уыд, фæлæ æцæг хæлар. Хъазыд футболæй, шахмæттæй, сарæзта-иу хæхтæм балцытæ. Йæ хъаруты фæрцы скъолайы байгом бæстæзонæн музей. Экспонатты *хсæн – ирон адæмы царды уаджы дзаумæттæ, традицион уæлæдарæсы элементтæ, фæтæгены цырæгътæ æмæ архивон хуызистытæ. Мадзал бабæрæг кодтой Сихъоты Хъазыбеджы хæстæджытæ, хъæуы æмæ районы цæрджытæ.
Ацы бонты ма Хæзныдоны спортивон комплексы арæзт æрцыд республикæйы гом турнир шахмæттæй. Æрхъуыды дзы кодтой Сихъоты Хъазыбеджы ном. Архайдта дзы спорты ацы хуызы 30 ветеранæй фылдæр Цæгат Ирыстоны алы районтæй æмæ Кæсæг-Балхъарæй. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн саккаг кодтой кубоктæ æм кады гæххæттытæ.




