Бакæсынмæ йæм æрбацыд 30 адæймаджы онг, куыд Ирыстонæй, афтæ сыхаг регионтæй
Ном æрымысынæн алы хуызы мадзал саразын дæр пайдайаг у, кæстæр фæлтæры патриотон хъомыладæн. Хæзныдоны цæрджытæ æрбамбырд сты, Джип-Триал цы æрдзон бынаты уыд, уырдæм. Бакæсынмæ йæм æрбацыд 30 адæймаджы онг, куыд Ирыстонæй, афтæ сыхаг регионтæй. Хъарадзауты Шамиль æмæ Цъеуты Игоры сарæзт трассæ фæцыд æппæт архайджыты зæрдæмæ дæр. Уыди дзы алы хуызы фæлварæнтæ. Уæвгæ ерыс цыд дыууæ хуызы хæдтулгæты хуызы хсæн – спорт æмæ стандарт. Мадзал байгом кæныны архайдтой Ирыстоны зындгонд артисттæ æмæ Цыколайы культурæйы галуаны коллектив. Хуыздæр ерысдзаутæ хорзæхгонд æрцыдысты кады гæххæттытæй, кубоктæй, майдантæй, æмæ æхцайы премитæй. Мадзалæй рахæцыдысты Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты фарс.
