филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 воскресенье, 19 мая 2024
08 мая 2024, 11:48
Хæзныдоны цæрджытæ бацархайдтой сæ кадджын хистæры номыл бæхтыл дугъ ауадзыныл

Йæ сног кæныныл бацархайдтой проект «Æнусон хъайтарты» фæлгæты

Царды цыдимæ кæд нырыккон гæнæнтæ æнцондзинад хæссынц адæмæн, уæддæр рагон хъуыддæгтæ рох кæнын кæй нæ хъæуы, уый равдыстой Хæзныдоны цæрджытæ. Фыдыбæсты Стыр хæсты хъайтардзинад чи равдыста, уыдоны, стæй уыцы тугуарæн хæсты фæндæгтыл кæрæй кæронмæ чи фæцыд, уыцы Боллоты Иналы фырт Хъазыбеджы 100 азы кадæн сарæзтой бæхтыл дугъ. Архайдтой дзы 21 барæджы. Ерысы хатдзæгтимæ нæ базонгæ кæндзæн Сосранты Жаннæ.

Кæд боныхъæд бынтон зæрдæмæдзæугæ нæ уыд, уæддæр Хæзныдоны цæрджытæ бацархайдтой сæ кадджын хистæры номыл бæхтыл дугъ ауадзыныл. Ацы æгъдауыл адæм фидар хæст уыдысты советон рæстæг, уæдæй абонмæ ацы бынат Кеты никуы уал конд æрцыд дугъ.  Йæ сног кæныныл бацархайдтой проект «Æнусон хъайтарты» фæлгæты. Æцы аз 100 азы сæххæст Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Боллоты Хъазыбеджы райгуырдыл. Уый хынцгæйæ дугъ скодтой, йæ номыл. Йæ байгом кæныны мадзал райдыдта хæствæллад ветераны цыртыл дидинджытæ сæвæрынæй. Уыимæ дзы байгом кодтой, Соскъиты Владимир кæуыл бакуыста, уыцы монумент.

Боллойы-фырт фыдæзнаджы ныхмæ цыд æнæхинæй. Йæ хъæбатырдзинæд æмæ сæрæндзинады тыххæй йæ схорзæхджын кодтой  бирæ Паддзахадон хæрзиуджытæй. Се хсæн Сырх стъалыйы дыууæ ордены, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты  1-аг æмæ 2-аг  къæпхæны ордентæ, «Германийыл уæлахизы» орден, «Ныфсхасты», «Кавказ хъахъхъæныны» æмæ æндæр майдантæ.

Афтæ фæзæгъынц –адæймаг цæры, цалынмæ йын йæ ном, йæ сарæзт хъуыддæгтæ хъуыды кæной, уæдмæ. Хъазыбег хъæубæсты нымады, кадджын лæг уыд. Йæ цардæмбал Зурмаханимæ схъомыл кодтой фæзминаг кæстæртæ. Сæ иу Боллоты Таймураз. Мадзалмæ æрбацæуджытæй йын алчидæр зонгæ у , йæ хъæуккæгты æнцондзинадæн цы хорздзинæдтæ сарæзта æмæ аразы, уыимæ. Алы ныййарæг дæр бæллы, йæ кæстæр йæхицæй хуыздæр куыд уа,уымæ. Хъазыбег дæр йæ цард æмæ йæ куыстæй дæнцæгæн хæссинаг уыд, фæлтæртæн. Уый хынцгæйæ Хæзныдоны цæрджыты бафæндыд Хъазыбеджы æнусон юбилей парахатæй сбæрæг кæнын, йæ ном æмæ йын йе сгуыхтдзиндты кой, радон хатт,  кæстæртæм фæхæццæ кæнын.

Бæхтыл дугъ арæзт æрцыд Хъазыбеджы райгуырæн бон. Мадзалы бацархайын бафæндыд 21 барæджы. Кæд фæззыгон бонау уыд уазал, кæд къæвда хаста, уæддæр фæсивæд, æнæзивæгæй, Уæрæсейы, Ирыстоны тырысатимæ араст сты дугъы бынатмæ.

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры уæлдæр Совет»-ы сæргълæууæг Уататы Зелимхан дугъы финалисттæн бацæттæ кодта лæвæрттæ. Зæрдиагæй сыл сæ сымбæлын кодтой йæ хæдивæг Дзекъойты Юрий æмæ Æрæфы районы Стыр Ныхасы хайады сæргълæууæг Хуасдзауты Тазретимæ.

Бæхтыл дугъы архайджытæй æнæ æрхъуыдыйæ ничи баззад. Боллоты Хъазыбеджы кæстæртæ сын бацæттæ кодтой кады гæххæттытæ, æхцайы премитæ, кубоктæ.

Мадзал саразджытæй уырны, ацы рæсугъд, мидисджын æгъдау та царды ногæй йæ бынат кæй ссардзæн, æмæ алы Уæлахизы боны дæр тугуарæн хæсты сæ туг чи фæкалдта, уыдоны номыл дугъ уагъд цæудзæн.

Хæзныдоны, Хæсты ветеран Боллоты Хъазыбеджы 100 азы кадæн бæхтыл дугъы архайджытæ сын сæ ном ссардтой хъæуы , сæ номыл цы цыртдзæвæн уый размæ æнусон арты цур сæвæрдтой дидинджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania