30 января 2025, 10:36
Хæзныдоны цæрджытæ тыхсынц, хъæумæ хæстæг бырондон кæй ис, уымæй
Сæвзæрд 20 азы онг размæ, районы полигон рекультивацигонд куы æрцыд, уый фæстæ
Хæзныдоны цæрджытæ тыхсынц, хъæумæ хæстæг бырондон кæй ис, уымæй. Сæвзæрд 20 азы онг размæ, районы полигон рекультивацигонд куы æрцыд, уый фæстæ. Бирæ азты ардæм ластой æрмæст арæзтадон бырæттæ нæ, фæлæ æндæр хауæццæгтæ дæр. Бирæ хæттыты-иу бырондоны сæвзæрд зынгсирвæзтытæ дæр. Цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй районы администрацимæ бирæ хæттыты сидтысты, фæлæ фарста алыг кæнын афтæ дæр нæ бантыст. Сыгъд бырæтты тæф хъæуыл апарахат вæййы, ам ма æмбырд кæнынц дзæгъæл куыйтæ дæр.
