филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:13 среда, 17 декабря 2025
13 февраля 2013, 11:41
Хайты Ибрагимы скульптурæтæ саив кодтой Дзæуджыхъæуы уынгтæ, æмæ цæуынц горæты цæрджыты зæрдæмæ

Фæстаг азты Терчы былгæрæтты фæзындысты ног фæлладуадзæн бынæттæ. Сæ аивдзинадыл бакуыстой ирыстойнаг скульпортæ

Фæстаг азты Терчы былгæрæтты фæзындысты ног фæлладуадзæн бынæттæ. Сæ аивдзинадыл бакуыстой ирыстойнаг скульпортæ.

Бирæ скульптурæтæ фæцыдысты Дзæуджыхъæуы цæрджыты зæрдæмæ. Уæлдайдæр Хайты Ибрагимы куыстытæ. Терчы ног былгæрон фæаивдæр кодтой дыууæ композицийы: къæлæу æмæ къæбыла æмæ донæй чи схызт, ахæм лæппуйы скульптурæтæ. Адæм æдзухдæр æмбырд кæнынц сæ цуры, сæ фарсмæ исынц сæ къамтæ. Уæдæ нардæтæй цы зæронд лæгтæ хъазынц, уыцы скульптурæтæ та раст цыма рагæй дæр ам лæууыд. Тынг рæсугъд сфидыдта Дзæуджыхъæуы сæйраг уынгтæй иуы. Бирæтæм ма афтæ дæр фæкæсы, цыма сæ хæстæджыты нывтæ сты. Уымæн æмæ йæ сюжеттæ иууылдæр сты цардæй ист, йæ хъайтартæ раст цыма ныртæккæ демæ уыдысты, фæлæ æваст æдзæмæй аззадысты, афтæ. Ныртæккæ автор кусы ног скульптурæйыл.      

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania