Уый бафæзминаг у йæ бирæ хъуыддæгтæй, фæлæ сæйрагдæр – йæ фыдыбæстæмæ уарзондзинадæй
Ирыстон хъæздыг у йæ фæрнджын хъæбултæй. Ног азы райдианы нæ фæнды сæ иуы кой ракæнын. Уый бафæзминаг у йæ бирæ хъуыддæгтæй, фæлæ сæйрагдæр – йæ фыдыбæстæмæ уарзондзинадæй. Хъамболты Марат Мæскуыйы Националон иртæстыты центр «Курчатовы институт»-ы директор уæвгæйæ, иу бон дæр нæ рох кæны йæ фыдæлты бынат Ирыстон, Хæзныдон. Уый хынцгæйæ йын йæ, юбилейы кадæн, саккаг кодтой Хæзныдоны кадджын цæрæджы ном. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.
Райдзастдзинадимæ баст æнкъарæнтæн рæстæджы цыдимæ дæр рох кæнæн нæй, зæгъы Уæрæсейы зындгонддæр æмæ егъаудæр куыстуат Националон иртæстыты Центр «Курчатовы институт»-ы директор Хъамболты Аркадийы фырт Марат. Чи йæ зоны, уыдоны ныхæстæм гæсгæ йæ рæдау удыхъæд, къаддæр нæ кæны рæстæджы цыдимæ
Цард дугъон бæхæй уæлдай кæй нæу, уымæн бирæ æвдисæнтæ ис.Фæлæ йæ цыдимæ, рабæрæг вæййынц адæймаджы удварны хæзнатæ – æмбалдзинад, хæлардзинад, адæмуарзондзинад.
Темырты Руслан Маратимæ службæ кодта æфсады рæнхъыты. Уæдæй абоны онг цæрынц æфсымæртæу. Ныфс уыдысты канд сæ кæрæдзийæн нæ, фæлæ иннæ салдæттæн дæр. Русланы ныхæстæм гæсгæ Мараты хуызæн йæ дзырдæн æцæг лæгтæ бирæ нæй.
Марат æнæкæрон уарзтæй уарзы йæ райгуырæн хъæу Хæзныдон. Фæнды йæ йæ фыдæлтæн зынаргъ бынаты истори бахъхъахъæнын, уыимæ та ма йын йæ фидæн дæр фæрайдзаст кæнын. Æмæ йын æнтысы.
Цы бирæ хъуыддæгтæ дзы арæзт æрцыд йæ хъæппæрисæй, уыдон сты дзæвгар æмæ систы хъæуы фидауц. Хæзныдоны астæу , йæ хъæппæрисæй, сырæзт аив Мæзджыт. Йæ сарæзтыл абон дæр, дис кæнынц бирæтæ.
Хъамболты Марат йе 60 азыл æмбæлы бирæ хорздзиндтæ бакæнгæйæ йæ райгурæн хъæу Хæзныдоны фидæнæн. Мæзджытæй уæлдай ма базилын кодта историон бынат Кет-ы кæлæддзаг обæуттæм, ныр, бирæ азты, æнæзæрдæзæдæхсайгæ у сæ фидæн.
Уæдæ цæугæдоны сæрты хид скæнын дæр чысыл хъуыддаг нæу, цæмæй адæмæн æнцондæртæй сæ бон уа Кетæмæ бацæуæн, уый тыххæй саразын кодта хид.
Æнæмæнг стыр бынат ис Хъамболты Мараты зæрдæйы йе скъолайы бонтæн. Йе мкъласонтæ дæр дзы сты тынг сæрыстыр.
Абон дæр куыдфæндыйы цæстæй нæ кæсы Хæзныдоны скъолайы фидæнмæ. Йæ хъæппæрисæй дзы гомгонд æрцыд Курчатовы кълас.
Марат, бирæ сывæллонджын бинонты кæстæр уавгæйæ, алкæддæр хицæн кодта æмбарынад æмæ уæздандзинадæй. 6 аздзыдæй баззад сидзæрæй, фæлæ сын сæ мад Екатеринæ, нæ бауагъта сæ удтæ мæгуыр кæнын. Архайдта, Хæзныдоны чиныгдоны кусгæйæ, алцæуыл дæр.
Уæвгæ абоны Катеринæ æмæ Аркади сæ фæрнджын кæстæрты цардæй уаиккой разы. Алы ныййарæг дæр бæллы йæ кæстæр адæмы аккаг куыд уа, йæ хистæрты кад бæрзонд куыд хæсса, уымæ. Адоны фæдонтæнтæн уый сæ къухы бафтыд. Куыд хъæуы мидæг, афтæ Ирыстоны, Уæрæсейы æмвæзады, канд сæхицæн ном не скодтой, фæлæ сæ уарзон райгуырæн бæстæйæн дæр. Сæ сагъæс у фидæны кæстæртыл. Уымæн æвдисæн Хæзныдоны хъæуы ма Мараты хъæппæрисæй кæй фæзынд зæрдылдарæн бынат. Нывонгонд у Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй сæ сывæллæтты ссыдмæ æнхъæлмæ кæсгæ чи баззад, уыцы мадæлты номыл. Бæрæггонд куыд у , афтæмæй йын Уæрæсейы æмбал нæй.
Ныр алы аз дæр 6 майы йæ цурмæ æрбамбырд вæййынц дзыллæтæ æппæт Ирыстонæй, сыхаг республикитæй. Хъамболты Мараты фæрцы дзы æрæзт æрцæуы номарæн мадзæлттæ, куыд æмдзæвгæтæ кæсынæй, афтæ футболæй хъазынæй. Цыртдзæвæны байгомæй йæ бабæрæг кодта мингай адæймæгтæ. Се ппæт дæр фæхайджын сты Хъамболы фырты фарнæй.
Æнæмæнг йæ истори чи нæ зона, уыцы адæмы хаттæн фидæн кæй нæй, уый кæй æмбары, Хъамболты Марат, ууыл ма дзурæг у æнæзивæгæй кæй бацархайдта Кет-ы, Малиты Георгийы поэмæмæ гæсгæ киноныв «Темур Алсахъ» сисыныл. Зындгонд артисттимæ дзы архайдтой Хæзныдоны цæрджытæ , Ирыстоны дзыллæтæ. Хъамболты Мараты бирæ фæллæйттæ, йæ юбилейы æнæ æрхъуыдыйæ нæ ныууагътой – саккаг ын кодтой Хæзныдоны кадджын цæрæджы ном. Уый размæ ма лæвæрд уыд канд , Хæзныдоны фæрнджын хъæбул Боллоты Таймуразæн.