Фыдыбæстæйы Стыр хæст йæ фæд кæуыл нæ ныууагъдта, ахæм бинонтæ Ирыстоны нæ разындзæн. Хъаныхъуаты Езетхан дæр хорз хъуыды кæны, уыцы фыдæвзарæн рæстæг фронтмæ куыд æрвыстой хойраг æмæ дзаумæттæ.
Царды бирæ зындзинæдтæн сæттын чи нæ бакуымдта. Адæмы хсæн рæсугъдæй чи цæры, уыцы куырыхон сылгоймаг Хъаныхъуаты Езетхан сбæрæг кодта йæ 100 азы юбилей.
Рæсугъд дидинджытæ, лæвæрттæ æмæ арфæйы ныхæстæ…. Хъаныхъуаты Езетханы хæдзары хъуысы цины хъæлæба æмæ худт. Йæ 2 сывæллоны, 5 хæрæфырты æмæ йæ цоты цоты цот 6-æй тынг цин кæнынц сæ уарзон мад æмæ бабуйы 100 азы боныл. Æмæ æрмæст уыдон нæ. Кадджын хистæр Езетханæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты йæ бирæ хæстæджытæ, хиуæттæ, сыхæгтæ.
Езетхан арæх æрымысы йе рыгон бонтæ. Хæсты уæззау рæстæг цы зындзинæдтæ æмæ хъизæмæрттæ æвзæрстой, уый. Фæлæ Советон Цæдисы æфсæдтæ æмæ нæ бæстæйы цæрджытæ стонг æмæ уазалæн фæразгæйæ, дæрæн кодтой знæгты. 1943 азы йæ цардæмбал æмæ йæ 4 æфсымæры куы фæмард сты, уæд бинонты дарыны уæззау уаргъ æрæнцад йе уæхсчытыл. Йæхиуыл нæ ауæрдгæйæ хъомыл кодта цот, царды фæндагыл сæ сæвæрдта.
Цæгæраты Зойæ, Хъаныхъуаты Езетханы чызг: «Никуы йæ федтон æгуыстæй. Æхсæв дæр- иу цыфæнды афон куы райхъал дæн, уæд иу исты куыста: куы хуыйгæ кодта, куы бийгæ. Райсомæй та раджы тахт йæ куыстмæ. Афтæмæй нæ хъомыл кодта, мацы хъуаг уæм зæгъгæ. Æмæ ницы хъуаг уыдыстæм дзаумæйæ дæр, хæринагæй дæр æххæст».
Фыдæбонджын сылгоймаг Хъаныхъуаты Езетхан абон нымад у сыхбæсты æмæ хиуæтты хсæн дæр. Йæ ныхасæн ын аргъ кæнынц. Бирæтæ йæм æрбацæуынц уынаффæмæ.
Езетхан йæхи амондджын хоны… Царды сæйрагдæр цы у, зæгъгæ, йæ куы бафæрсай – уæд фæзæгъы: æппæты сæйрагдæр у, цæмæй дæ бинонтæ æмæ хиуæттæ уой сæрæгас æмæ æнæниз.
Зыхъуаты Жаннæ




