филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:57 четверг, 02 мая 2024
19 апреля 2024, 12:35
Хъарм уалдзыгон бонты ралæудимæ медицинон куыстуæттæм адæм арæхдæр цæуын райдыдтой джыбыты хæцтыты тыххæй

Фæлхасадмæ цæстдарды службæйы управленийы ныридæгæн снысан кодтой 55 ахæм цауы

Хъарм уалдзыгон бонты ралæудимæ медицинон куыстуæттæм адæм арæхдæр цæуын райдыдтой джыбыты хæцтыты тыххæй. Фæлхасадмæ цæстдарды службæйы управленийы ныридæгæн снысан кодтой 55 ахæм цауы. Хи бахъахъхъæнæн куыд ис, æмæ цы кæнын хъæуы, джыбы куы фæхæца, уæд, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ирд хур, хъарм боны ахаст, цъæх кæрдæг. Ахæм уалдзæг зæрдæмæдзæугæ у æрмæст адæмæн нæ, фæлæ джыбытæн дæр. Сæ парахат кæнынæн иттæг хорз уавæртæ. Цæмæй адæймаджы ма бахъыгдарой, уый тыххæй хъæуы тезгъо кæнын æхгæд дзабырты, даргъдыс уæлæдарæсы æмæ хæлæфты.

Фæлæ æдасдзинады ацы домæнтæ æххæст кæнын фаг нæу. Цæмæй джыбытæ ма парахат кæной, уый тыххæй специалисттæ бакусынц химикон препараттæй. Ныппырх сæ кæнынц паркты, скъолатæм æмæ æндæр кусæнуаттæм хæстæг цъæх фæзты. Æнæмæнг сбæлвырд кæнынц куыстытæ куыд хорз конд æрцыдысты, уый. Уый тыххæй эксперт кæрдæгыл æрцæуы урс хъуымацæй. Кæд ыл джыбытæ ныххæцынц, уæд ма уыцы хайыл ногæй бакусынц.

Кæд адæймагыл джыбы ныххæцыд, уæд æй хибарæй сисыныл архайын нæ хъæуы. Гæнæн ис, æмæ уа инфекци хæссæг. Уымæ гæсгæ уайтагъд хъæуы медицинон кусæнуатмæ æххуысмæ бацæуын.

Энцефалит кæнæ та хъырымаг тæвдниз чи парахат кæны, ахæм джыбытæ Ирыстоны нæй, зæгъынц специалисттæ. Фæлæ ис, æндæр инфекцитæ чи хæссы, ахæм джыбытæ. Уыйбæрц тæссаг не сты, фæлæ цæмæй уæззау фæстиуджытæм ма расайой, уый тыххæй сæ хъæуы уайтагъд дзæбæх кæнын.

Нæй рох кæнын профилактикæйы тыххæй дæр. Парчы тезгъо кæнгæйæ кæнæ та горæтæй дарддæр уæвгæйæ, хъæуы кæрцхъусдæр уæвын, æмæ арæхдæр бæлвырд кæнын буар. Куыддæр фæгуырысхо уай джыбы фæхæцыд, ууыл, афтæ æвæстиатæй хъæуы дохтырты æххуыс бацагурын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania