08 мая 2014, 20:15
Хъарман-Сындзыхъæуы цалцæджы фæстæ байгом хъæуы хæстонтæн цыртдзæвæн
Æвæрд æрцыди 70-æм азты, æхца йын æрæмбырд кодтой хъæуы цæрджытæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ йæ хуыз аивта. Æмæ йæ ногæй рацаразыны хæс йæхимæ райста ацы хъæуккаг Гулаты Æхсар.
Æвæрд æрцыди 70-æм азты, æхца йын æрæмбырд кодтой хъæуы цæрджытæ. Фæлæ рæстæджы цыдимæ йæ хуыз аивта. Æмæ йæ ногæй рацаразыны хæс йæхимæ райста ацы хъæуккаг Гулаты Æхсар. Цалцæггæнæн куыстытæ цыдысты 2 азы, хардзгонд ыл æрцыди 12 милуан сомы.
Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Арфæ ракодта хъæуы цæрджытæн æмæ ветерантæн. Загъта, ацы цыртдзæвæн сырх æфсæддонты хъæбатырдзинад æвдисæг кæй у, уый.
темæмæ гæсгæ




