филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 воскресенье, 19 мая 2024
18 декабря 2013, 11:32
Хъарман-Сындзыхъæуы уынгтæй иу ныр хæссы поэт Цæрукъаты Алыксандры ном

Уæздан ирон лæг, уæззау зондыл хæст поэт æмæ фыссæг. Йæ алы ныхас дæр уыд стыр хъуыдыйы фæстиуæг. Цæрукъаты Алысандры сфæлдыстад у ирон литературæйы ирддæр фæзындтытæй иу.

Хъарман-Сындзыхъæуы уынгтæй иу ныр хæссы поэт Цæрукъаты Алыксандры ном
Хъарман-Сындзыхъæуы уынгтæй иу ныр хæссы поэт Цæрукъаты Алыксандры ном. Ацы фæнд разынд Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисмæ, республикæйы разамындимæ иумæ. Дыгуры районы цæрджытæ сты сæрыстыр, ахæм кадджын лæг се хсæн кæй цардис, уымæй. Культурæйы хæдзары сæ зындгонд æмзæххоныны ном ссарынæн арæзт æрцыд мысæн изæр.
Ирыстоны зындгонд поэт Цæрукъаты Алыксандр райгуырд Хъарман-Сындзыхъæуы, æмæ амæй фæстæмæ йæ уынгтæй иу хæссы йæ ном. Ацы хъуыддаг тынг æхсызгон у йе`мзæххонтæн, йæ хиуæттæн, стæй литературон æмæ æхæнадон интеллигенцийы минæвæрттæн.

Цæрукъаты Алыксандры фырты фырт Азæмæт кæсы йæ фыды фыды æмдзæвгæ. Лæппу йæ ныййарджытимæ цæры Мæскуыйы, фæлæ ацы хъуыддаджы тыххæй ссыд Цæгат Ирыстонмæ. Зындгонд поэт æмæ фыссæг Цæрукъаты Алыксандр райгуырд æмæ схъомыл Хъарман-Сындзыхъæуы. Уым каст фæцис скъола, уый фæстæ та Цæгат Ирыстоны педагогон иснтитут. Куыста ахуыргæнæгæй. Ахуыр ма кодта Максим Горькийы номыл литературон институты дæр Мæскуыйы.

Уæздан ирон лæг, уæззау зондыл хæст поэт æмæ фыссæг. Йæ алы ныхас дæр уыд стыр хъуыдыйы фæстиуæг. Цæрукъаты Алысандры сфæлдыстад у ирон литературæйы ирддæр фæзындтытæй иу. Поэт стыр æвæрæн бахасты тæлмацгæнæн куыстмæ дæр. Йе `мзæххонтæ дзы сты сæрыстыр. Йæ хиуæттæ æмæ йæ мыггаджы минæвæрттæн дæр у тынг æхсызгон, сæ кадджын фырты ном рох кæй нæу, уый.

Мысæн изæр рауад зæрдæмæ хъаргæ. Скъоладзаутæ кастысты поэты æмдзæвгæтæ. Бацæттæ кодтой концерт дæр. Æхсæнады минæвæрттæ та дзырдтой Цæрукъаты Алыксандры тыххæй сæ мысинæгтæ, ирон театры артисттæ та кастысты скъуыддзæгтæ поэты уацмыстæй.

Мысæн изæр арæзт æрцыд Хъарман-Сындзыхъæуы культурæйы хæдзары. Фойейы та уыди Цæрукъаты Алыксандры чингуыты равдыст.

«Æмдзæвгæтæ», «Сæууон зарджытæ», «Царды авдæн», Агния Барто, Корней Чуковский æмæ Джанни Родарийы уацмысты тæлмацтæ сывæллæттæн ирон æвзагыл. Цæрукъаты Алыскандр ирон литературæйы цы хæзнатæ ныууагъта, уыдонæн сæ ахадындзинад егъау у, æмæ сæ хъуамæ зоной рæзгæ фæлтæрты минæвæрттæ.

Гугкаты Иринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania