филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:00 четверг, 02 мая 2024
05 октября 2022, 11:22
Хъарман-Сындзыхъæуы чысыл цæрджытæн йæ дуæрттæ байгом кодта ног рæвдауæндон

Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты, уымæн æмæ сабитæн сæхи бæстыхай никуы уыд

Хъарман-Сындзыхъæуы чысыл цæрджытæн йæ дуæрттæ байгом кодта ног рæвдауæндон. Ацы цаумæ бынæттон цæрджытæ рагæй æнхъæлмæ кастысты, уымæн æмæ сабитæн сæхи бæстыхай никуы уыд. Афтæмæй та дзы æнæмæнг хъуыди. Уымæн æмæ Хъарман-Сындзыхъæу стырдæр хъæуыл нымад у канд Дыгуры районы нæ, фæлæ æнæхъæн Цæгат Ирыстоны дæр. Ныр национ проект «Демографи»-йы фæрцы хъуыддаг сырæзт. Кæстæртæн фадат уыдзæн фæлтæрдджын педагогтимæ архайынæн. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн нæ уацхæссæг Тъехты Элинæ.

Стыр бæрæгбон саразгæйæ Дыгуры районы сæргълæууæг Туккаты Рустам кадджын уавæры радта Хъарман – Сындзыхъæуы ног рæвдауæндоны дæгъæлтæ йæ разамонæгæн. Ацы хъæу канд районы нæ, фæлæ республикæйы стырдæр хъæутæм хауы. Уымæ гæсгæ рæвдауæндон саразын дæр дзы уыд тынг ахсджиаг хъуыддаг.

Хъæуы цæрджытæн хистæртæй арфæтæ æмæ рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæй æмдзæвгæтæ. Ахуырады министр Алыбекты Эллæимæ ныййарджытæ æркастысты бæстыхаймæ.

Ног рæвдауæндон саразыны куыстытæ райдыдтой 2021 азы, мартъийы. Арæзтадæн бацæттæ кодтой сæрмагонд проект. Нырыккон домæнтæ æххæстгæнгæйæ уæлдай цæстдард цыд сывæллæтты æдасдзинадмæ.

Уæлдай хуыздæр та ма уый у, æмæ ныр хъæуы цæрджытæн фæзынд куысты бынæттæ дæр. 30 адæймаджы онг райдайдзысты кусын рæвдауæндоны. 100 сывæллоны базонгæ сты сæ хъомылгæнджытимæ. Кæд бирæтæ цæттæ нæма сты боны рдæг рæвдауæндоны рвитынмæ, уæддæр хъомылгæнджытæ бæлвырдæй дзурынц, рæвдауæндон сывæллæттæн дыккаг хæдзар кæй суыдзæн, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania