филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:28 суббота, 31 января 2026
06 сентября 2025, 09:50
Хъармдæттæг трассæйы 500 метры онг ивынц Дзæуджыхъæуы Иристонскийы уынджы

Специалисттæ куыстытæм бавнæлдтой дыууæ къуыриæйы размæ

Хъармдæттæг трассæйы 500 метры онг ивынц Дзæуджыхъæуы Иристонскийы уынджы. Специалисттæ куыстытæм бавнæлдтой дыууæ къуыриæйы размæ. Хъармгæнæнæй фыццаг цæрæн хæдзæртты онг ног кæнынц дыууæ магистралон хъармдæттæг хæтæлы. Зæрæттæ фæлæггад кодтой 50 азы онг. Эксплуатацийы мгъуыдмæ дондзæуæн хæтæл æрцыди æвзæр уавæрмæ. Цалдæр ран фæхуынчъытæ ис. Ног æфсæйнаг хæтæлты диаметр у 273 миллиметры. Уый фæрцы фарста лыггонд æрцæудзæн цалдæр азмæ. Цалцæггæнæн куыстытæ цалынмæ цæуынц, уæдмæ коммуналон службæтæ æркастысты æмæ  профилактикон куыст скодтой хъармгæнæны. Уый лæггад кæны Промышленнон районы 14 хæдзарæн, тагъд æххуысы клиникон рынчындонæн, республикæйы офтальмологон центрæн æмæ ма цалдæр куыстуатæн. Кусæнгæрзтæ сбæрæг кæнынц афæдз иу хатт. Уый фадат дæтты адæмæн хæрзхъæд лæггæдтæ кæнынæн. Хъармгæнæн скусын кæнын фæнд кæнынц ног къуырийы райдиан.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania