филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:31 пятница, 24 мая 2024
03 октября 2012, 11:03
Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ ныридæгæн сты сæ тæмæны

Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ ныридæгæн сты сæ тæмæны. Тагъд рæстæджы се ппæт коммуналон службæтæ дæр хъуамæ радтой, цы объекттыл кусынц, уыдон.

Хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн куыстытæ
ныридæгæн сты сæ тæмæны. Тагъд рæстæджы се ппæт коммуналон службæтæ дæр
хъуамæ радтой, цы объекттыл кусынц, уыдон. Хъармгæнæн сезон райдайдзæн 15-æм октябры. Цæгат Ирыстоны æппæт куыстытæ дæр кæронмæ фæхæццæ кæнынц.

Ирыстойнаг район Дзæуджыхъæуы нымад у
стырдæртæй иуыл. Ам сæ тæмæны сты хъармгæнæн сезонмæ цæттæгæнæн
куыстытæ. Объектыл кусы службæйы хуыздæр бригад. Пъланмæ гæсгæ кæй
снысан кодтой, уыцы куыстытæ ацыдысты Дзæуджыхъæуы æппæт хъармгæнæнты.
12 километры хæтæлтæ баивтой ногтыл. Конд сты, пенополиуретан кæй
хонынц, ахæм æрмæгæй. Уый у нырыккондæр тæхнологитæй иу.

Дзукъаты Герман, Ирыстойнаг 2-æм
хъармгæнæн районы хицауы хæдивæг: «Æртæккæ ивæм ам хæтæлтæ. Æдæппæтæй
стæм 10 адæймаджы æмæ баивтам 80 метры хæтæлтæ. Уый размæ та сæ
бафæлвæрдтам донæй æмæ ма аиппдзинæдтæ кæм рабæрæг сты, уыдоныл
бакуыстам. Кæм ма хæтæл æнæхъæнæй баивын фæхъæуы, кæм та гæбаз. Ныртæккæ
мæ бон зæгъын у, хъармгæнæн сезонмæ нæ район цæттæ кæй у».

Дæуджыхъæуы ис сæдæ хъармгæнæнæй фылдæр.
Уый та у 200 мин километры бæрц хъармгæнæн хæтæлтæ. Сезоны рагагъоммæ
æрцыдысты бæрæггонд гидравликон æгъдауæй. Бæрæг сæ кодтой, бæрзонд
æлхъывдад кæмæн ис, ахæм донæй. Уый руаджы рабæрæг сты цалцæггæнинаг
бынæттæ. Æмæ ныр коммуналон службæты куысджытæ архайынц уыдон банывыл
кæныныл.

Теместы Тамерлан, Дзæуджыхъæуы
администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады коммуналон хайады хицау:
«Котловой хозяйство кæй хонæм, уымæ базылдыстæм. Цыддæриддæр
хъæндзинæдтæ æмæ аиппдзинæдтæ уыд, уыдоныл бакуыстам. Сцалцæг кодтам
алцыдæр. Хæтæлтæ бафæлвæрдтам, баивтам сæ. Стыр æлхъывдад кæм уыд, ахæм
донæй дæр сæ сбæрæг кодтам æмæ ма кæм разынд бакусинаг фарстатæ, уыдон
сæххæст кодтам, цæмæй зымæгон цæрджыты хæдзæрттæм хъарм æххæстæй цæуа,
уый тыххæй».

Хъармгæнæн сезон вæййы 6 мæйы бæрц.
Коммæналон службæты кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы рæстæг хъуамæ иу
хæдзар дæр ма баззайа æнæ хъармæй. Æппæт куыстытæ дæр конд æрцæудзысты
ног къуыримæ. Хъармгæнæн сезон хъуамæ райдайа 15-æм октябры. Фæлæ зымæг
раздæр куы ралæууа, уæд хъармгæнæн системæтæ дæр скусдзысты раздæр,
зæрдæ бавæрдтой цæрæн-коммуналон хæдзарады.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania