филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:27 понедельник, 23 июня 2025
03 декабря 2013, 11:28
Хъармгæнæн сезоны райдайæнимæ горæты æппæт хъармгæнæнтæ дæр кусынц æххæстæй æмæ æнæ къуылымпыйæ

Ацы бонты нæ республикæйы кæй фæуазалдæр, стæй мит кæй æрауарыд, уый тыххæй фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг. Автоинспекцийы кусджытæ шофыртæй курынц, цæмæй уой

Хъармгæнæн сезоны райдайæнимæ горæты æппæт хъармгæнæнтæ дæр кусынц æххæстæй æмæ æнæ къуылымпыйæ
Ацы бонты нæ республикæйы кæй фæуазалдæр, стæй мит кæй æрауарыд, уый тыххæй фæндæгтæ уыдзысты бырынцъаг. Автоинспекцийы кусджытæ шофыртæй курынц, цæмæй уой къæрцхъусдæр, машинæтæ тагъд ма скъæрой æмæ фыдбылызтæй хызт уой.

Зымæгон фатерты хъарм куыд уа, ууыл та архайынц иууылдæр – цæрджытæ дæр, коммуналон службæты кусджытæ дæр. Фæлæ уæддæр бирæ хæттыты Дзæуджыхъæуы цæрджытæ разы нæ вæййынц коммуналон лæггæтдты хæрзхъæддзинадæй.
    
Коцойы-фырты номыл уынджы 79-æм æмæ 77-æм хæдзæртты хсæн 15 метры йеддæмæ нæй, фæлæ цæрджыты уавæртæ кæрæдзийæ тынг хицæн кæнынц. 79-æм хæдзары цæрджыты фатерты у хъарм, 77-æм хæдзары цæрджытæ та уазалæй сийынц. Цæмæн афтæ у, уый цæрджытæ не мбарынц.

Моргуаты Рæисæ, Коцойы-фырты номыл уынджы 77-æм хæдзары цæрæг: «Уазал сты нæ фатертæ. Фидæм, фæлæ цæмæн фидæм, уый нæ зонæм. Чидæртæ сæхицæн котелтæ сæвæрдтой, фæлæ, дам, ныр уыдон дæр нал уадзынц æвæрын. Æмæ хъуамæ иннæтæ цы фæуой».

Дзæуджыхъæуы администрацийы куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй хъармгæнæн сезоны райдайæнимæ горæты æппæт хъармгæнæнтæ дæр кусынц æххæстæй æмæ æнæ къуылымпыйæ. Фæлæ ис фиппаинаг. цæрджытæй чидæртæ фатерты хицæн хъармгæнæн агтæ, АГВ кæй хонынц, уыдон кæй сæвæрдтой, уымæ гæсгæ хæдзары хъарм доны зилдух раст нал у, æмæ бирæтæм хъарм нал хæццæ кæны.

Теместы Тамерлан, Дзæуджыхъæуы администрацийы цæрæн-коммуналон хæдзарады хайады хицауы хæдивæг: «Цæрджытæй бирæтæ цытæ бакуыстой, уый сæхи аххос у. АГВ-тæ чи сæвæрдта сæхицæн, уыдон сæ арæх сæхдæг кодтой, æнæ специалисттæй. Æмæ бирæ рæтты расайдтой къуылымпыдзинæдтæм. Доны системæ йы æлхъывдад аивы, нал фæцæуы куыд æмбæлы афтæ. Æмæ сæм куы нæ æвналиккой, уæд иннæты, ома, сæ сыхæгты, дæр нæ хъыгдариккой. Махæн дæр æнцондæр уаид».

Уымæй уæлдай ма æрмæст ацы аз Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты ног хъармгæнæнтæ: Шмулевичы, Церетелийы уынгты æмæ Хольцманы. Павленкойы уынджы та йæ бындуронæй сцалцæг кодтой. Иууылдæр ифтонг сты нырыккон кусæнгæрзтæй. Автоматикон системæ йæхæдæг сыгъдæг дон, хъарм фылдæр дæттынц, сæ хæрдзтæ та сты бирæ къаддæр.

Фæлæ коммуналон службæты кусджытæм ис иу курдиат цæрджытæм. Цæмæй хъармгæнæн системæйы куысты аиппытæ ма уа, уый тыххæй хъармгæнæн пецтæ хи æгъдауæй æвæрын нæ хъæуы. Уыцы куыст хъуамæ кæной специалисттæ.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania