Уым сын ис æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Экологон акци арæзт æрцыд «РусГидро»-йы цæгатирыстойнаг филиалы хъæппæрисæй
Хъаспийаг æргъай кæсаджы 7 мин лæппынæй фылдæр ауагътой Æрыдоны цæугæдоны бассейнмæ. Уым сын ис æппæт æмбæлгæ уавæртæ. Экологон акци арæзт æрцыд «РусГидро»-йы цæгатирыстойнаг филиалы хъæппæрисæй. Ныридæгæн республикæйы цæугæдæтты кæсаг ауагътой æртыккаг хатт. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр хабæрттæ.
Абухгæ Æрыдоны донæн 25 граммы сты денджызæн йæ иу æртахы бæрц, æрдзæн та – йæ ахсджиаг хай. 25 граммы уæз кæмæн ис, ахæм хъаспийаг æргъай цæугæдонмæ рауагътой 7 мины æмæ *рдæг. Цалдæр боны бахъæудзæн, цæмæй лæппын кæсæгтæ сахуыр уой ног уавæртыл.
Валергæсаг Ирыстоны цæугæдæтты йæхи хорз æнкъары. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, сыгъдæг, æнæ æлыг, холлагæй хъæздыг дон – хорз фадат чысыл кæсæгты рæзтæн.
Кæсаг рæстæмбисæй сырæзы 500 граммы онг, зæгъынц специалисттæ. Æрдзон уавæрты та фембæлынц 5-6 килограммы чи свæййы, ахæмтæ дæр. Хъаспиаг æргъай хъомыл кæнынц заводтæй иуы, Уæллаг Фыййагдоны. Экологон акци сарæзта «РусГидро»-йы цæгатирыстойнаг хайад. Ныридæгæн у 3-аг. Бынат та равзарынц Уæрæсейы кæсагдарыны Управленийы кусджытæ.
Фæйлаугæ Æрыдоны «ног цæрджытæ» чысылгай ахуыр кæнынц цæугæдоны уавæртыл. Сырх чиныгмæ хаст хуыз æххуыс у æрдзæн. Специалисттæ ацы ахсджиаг хъуыддаг дарддæр хæццæ кæндзысты ног азы.
