филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:26 суббота, 31 января 2026
29 мая 2024, 12:10
Хаст æрцыд уынаффæ хъармæй æмæ хъарм донæй ифтонг кæныны бартæ республикон куыстуаты бæрны бадæттыны тыххæй

Уый тыххæй фехъусын кодтой Хицауады æмбырды

Хаст æрцыд уынаффæ хъармæй æмæ хъарм донæй ифтонг кæныны бартæ республикон куыстуаты бæрны бадæттыны тыххæй. Уый тыххæй фехъусын кодтой Хицауады æмбырды. Иумæйаг оператор арæзт æрцыд, цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады къабазы рæзты фæлварæн проект царды æххæст кæнгæйæ. Исбон нысан кæнынц муниципалонæй – республиконмæ раивын. Уымæй дарддæр Хицауады æмбырды рахастой уынаффæ,  Московскийы, Хæдарцаты Аслæнбеджы, Барбашовы æмæ Калинины уынгты хсæн зæххы уаццаг Дзæуджыхъæуы исбонмæ раивын. Уым фæнд кæнынц Уæлахизы парк саразын. Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты студенттимæ бацæттæ кодтой парчы зонæйы аивдзинады эскиз. Дзанайты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, Уæлахизы парк нæ республикæйæн у тынг ахсджиаг. Æмбырды ма сфидар кодтой, ацы аз цæрæнуæттæн сертификаттæ чи райсдзæн, уыдоны номхыгъд. 2022 – 2023-æм азты сæрмагонд программæмæ гæсгæ цæрæнуæттæй сифтонг кодтой 500 бинонтæй фылдæр. Уыцы хъуыддагæн радих кодтой 1 миллиард æмæ 600 милуан сомы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania