22 марта 2018, 14:00
Хатдзæгтæ аивадон фестивалæн
Нæ республикæйы кæронмæ æрхæццæ театралон къордты дыккаг фестиваль «Амыраны рухс». Йæ саразыныл бацархайдтой фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон театр «Амыран».
Хатдзæгтæ аивадон фестивалæн.
Нæ республикæйы кæронмæ æрхæццæ театралон къордты дыккаг фестиваль «Амыраны рухс». Йæ саразыныл бацархайдтой фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитет æмæ фæсивæдон театр «Амыран». Фестивалы сæ арæхстдзинад равдыстой æппæт районтæ – театралон студиты æмæ культурæйы галуанты минæвæрттæ. Æдæппæтæй дзы архайдта 300 сфæлдыстадон къорды дыууæ категоримæ гæсгæ – авд азæй æхсæрдæс азы онг кæуыл цæуы, æмæ æхсæрдæс азæй æртын азы онг кæуыл цæуы, уыцы фæсивæд. Сæ арæхстдзинад æвдыстой цалдæр номинацимæ гæсгæ, фæлæ сæйрагдæр домæн у – иууылдæр сæ курдиат æрмæст мадæлон æвзагыл кæй æвдисынц. Æвзарæн туртæ уыдысты дыууæ къæпхæнæй – районты æмæ республикæйы æмвæзадыл. Æвзонг курдиæттæн аргъ кодтой театралон æхсæнады минæвæрттæ. Фестиваль баст уыди ирон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъойы райгуырæн бонимæ. Уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцæудзысты Елбыздыхъойы райгуырæн боны 23-æм мартъийы.

темæмæ гæсгæ