филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:49 вторник, 16 декабря 2025
10 декабря 2012, 09:32
Хатдзæгтæ скодтой Цæгат Кавказы курдиатджын сывæллæтты дыккæгæм конкурс «Малусæджы» архайджытæн

Оперæ æмæ балеты паддзахадон театры кадджын уавæры уæлахиздзаутæн радтой дипломтæ æмæ æхцайы премитæ.

Ацы æрыгон пианист ссыд Хъамыхъхъæй. Уый размæ архайдта Париж æмæ Миланы æрыгон пианисты конкурсты æмæ сси уæлахиздзау.

Оперæ æмæ балеты паддзахадон театры кадджын уавæры уæлахиздзаутæн радтой дипломтæ æмæ æхцайы премитæ.

Ацы æрыгон пианист ссыд Хъамыхъхъæй. Уый
размæ архайдта Париж æмæ Миланы æрыгон пианисты конкурсты æмæ сси
уæлахиздзау. Ныр дæр фыццаг туры йæ куырдиатæй дисы бафтыдта жюрийы
уæнгты, фæлæ дыккаг туры тынг мæт кæй кодта уый йæ бахъыгдæртта æмæ сси
конкурсы 3 премийы лауреат.

Гергиты Ларисæ: «Сывæллæттæ мæт кæнынц,
тынг бæрнон цæстæй кæсынц конкурсмæ. Катай кæнынц сæ ныййарджытæ, сæ
ахуыргæнджытæ. Раст зæгъгæйæ мæ зæрдæ сæ алкæуылдæр рисы, фæтæрсын исты
сæ куы ферох уа æмæ дарддæр куы нал сарæхсой».

Ацы конкурс арæзт цæуы дыккаг хатт. Йæ
нысан ахъаз у сабиты курдиат райхалынæн æмæ хаст æрцыд фæндон цæмæй
«Малусæг» ссуа æрвылазон.

Хæбæлаты Фатимæ, РЦИ-Аланийы дзыллон
коммуникациты æмæ культурæйы министр: «Стыр бузныг ацы хорз хъуыддаг чи
æрхъуыды кодта, уымæн, Уæрæсейы адæмон артисткæ Гергиты Ларисæйæн. Ацы
конкурсмæ йæ цæст тынг лæмбынæг дары нæ республикæйы сæргълæууæг
Мамсыраты Таймураз дæр. Фарон нын бафæдзæгъста, цæмæй ацы конкурс ала аз
дæр куыд кæнæм, уымæ гæсгæ йæ дыккаг хатт кæнæм».

3-æмæй 7-æм декабрьмæ жюрийы уæнгтæ,
уыдон та сты Уæрæсейы зындгонд артисттæ, нывгæджытæ байхъуыстой æмæ
бакастысты 88 куырдиатджын сывæллонмæ. Махъоты Ацæмæз дыккаг хатт ис ацы
конкурсы жюрийы хыгъды.

Махъоты Ацæмæз, РЦИ- Аланийы
композиторты цæдисы сæрдар: «Фыццаг конкурсы архайдта 60 сывæллоны, ныр
сæ номхыгъд фæфылдæр. Æмæ ма дзы фæзынд 2 ног наминацийы, уый
нывæгæнджытæ æмæ кафджытæ. Сты Налцыккæй, Прохладныйæ, Мæхъæлæй,
Стъарапъолæй. Бирæ фылдæр сывæллæттæ федтам, бирæ фылдæр уацмыстæ нын
фенын кодтой. Нæ жюри равæзæрста ног лауреаттæ».

Конкурсы уæлахиздзауты, лауреаты Цæгат
Ирыстоны оперæ æмæ балеты театры схорзæхджын кодтой дипломтæ æмæ хцайы
премитæй. 1 къæпхæны лауреаттæ та хорзæхгонд æрцыдысты Малусæджы
статуэткотæй.

Моргуаты Ладæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania