16 апреля 2018, 18:05
Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парка ацы аз сæрды рацараздзысты бындуронæй
Базилдзысты йын йæ архитектурæмæ дæр.
Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парка ацы аз сæрды рацараздзысты бындуронæй. Базилдзысты йын йæ архитектурæмæ дæр.
Уый тыххæй Дзæуджыхъæуы администрацийы сæргълæууæг Æлбегаты Барис æмæ Паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур ныхас кодтой кусæг фембæлды парчы. Куыд загътой, афтæмæй Центрон парк горæты цæрджытæ нымайынц йæ символыл. Уымæ гæсгæ хъуамæ суа нырыккондæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр. Фæлæ сæйрагдæр у йæ æдасдзинадыл бакусын. Сæвæрдзысты дзы видеоцæстдарды системæ, рухсгæнæнтæ, зынгсирвæзтыты ныхмæ мадзæлттæ. Стыр æргом ма аздахдзысты, цæмæй ивд ма рцæуа йæ историон хуыз. Æлбегаты Барис æмæ Таймазты Артур базонгæ сты, рацарæзт цæмæ гæсгæ цæудзæн, уыцы дизайн-проектимæ. Ныртæккæ уал документмæ кæсынц эксперттæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстым, Хетæгкаты Къостайы номыл парк рацарæзтæн равзæрстой, федералон проект «Горæты зæрдæмæдзæугæ хуыз æмæ æнцон архайд» æххæст кæнгæйæ.
темæмæ гæсгæ




