филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:43 понедельник, 08 июля 2024
02 октября 2012, 10:53
Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ литературæ æмæ аивады къабазы сбæрæг уыдзысты ацы мæй

2010-æм 2011-æм азты Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреаттæ литературæ æмæ аивады къабазы сбæрæг уыдзысты ацы мæй. Уыцы кадджын ном райсыныл чи архайы, уыдонæй иу у

2010-æм 2011-æм азты Хетæгкаты Къостайы
номыл премийы лауреаттæ литературæ æмæ аивады къабазы сбæрæг уыдзысты
ацы мæй. Уыцы кадджын ном райсыныл чи архайы, уыдонæй иу у фыссæг Дзантиаты Анатолий.

Аивадиртасæг, драматург, æхсæнадон
архайæг – Дзантиаты Анатолийы сфæлдыстад у ирд æмæ алывæрсыг. Фыссæгæн
аивады бирæ хорз хъуыдæгтæ саразын бантыст, фæлæ йын литературæ у уæлдай
зынаргъдæр. Йæ хуыздæр уацмысты æмбырдгондмæ хаст æрцыдысты фæстаг 20
азы къухфыстытæ. Æмбырдгонд рухс федта фарон авторы 70 азы бонмæ. Хаст
æм æрцыдысты йæхи æмæ йæ бинонты хуызистытæ. Чиныджы æддаг цъарыл цы ныв
ис, уый та у Анатолийы æфсымæр Дзантиаты Юрийы конд. Миниатюрæтæ,
пьесæтæ, радзырдтæ, æмæ поэзи – фыссæджы литературон царды ис,
чиныгкæсæджы зæрдæмæ чи фæцæудзæн, ахæм бирæ цымыдисаг уацмыстæ. Фæлæ
авторы уарзондæр пьесæтæй иу у, трагеди «Анахарсис». Дзантиаты Анатолийы
бæллиц у, ацы пьесæ театры сценæйы фенын. Ныртæккæ фыссæг кусы,
историон хъайтартæ кæм архайдзысты, ахæм уацмысыл.
 

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania