15 июля 2024, 12:05
Хетæджы бон сбæрæг кодтой хæдзар-интернат «Узæлд»-ы
Кæрты æрæвæрдтой алыхуызон хойрæгтимæ стъол, уый фæстæ та бæрæгбон саив кодтой зард æмæ кафтæй
Национ бæрæгбæтты сæйрагдæртæй иу. Хетæджы бон сбæрæг кодтой хæдзар-интернат «Узæлд»-ы дæр. Кæрты æрæвæрдтой алыхуызон хойрæгтимæ стъол, уый фæстæ та бæрæгбон саив кодтой зард æмæ кафтæй. Мадзал рауад хъæрмуд æмæ æхсызгон, йæ архайджыты зæрдæтæ байдзаг сты рæсугъд æнкъарæнтæй. Афтæмæй, интернаты цæрджытæ æмæ кусджытæ, артисттæ æмæ волонтертæ, æнгом æмæ иумæйагæй сбæрæг кодтой Хетæджы бон.
темæмæ гæсгæ




