филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:16 суббота, 28 сентября 2024
02 декабря 2021, 11:58
Хетæгкаты Къоста цы хæдзары райгуырд, уыцы мемориалон музей сцалцæг кæндзысты ацы азы кæронмæ

Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой ацы аз

Ирон литературæйы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста цы хæдзары райгуырд, уыцы мемориалон музей сцалцæг кæндзысты ацы азы кæронмæ. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Моргуаты Константин. Цалцæггæнæн куыстытæ райдыдтой ацы аз. Æххæстгонд цæуынц, Аланийыл саргъуыды 1100 азы мадзæлттæм цæттæ кæныны фæлгæты. Дыууæуæладзыгон бæстыхай тæпъæн сæримæ, террасæтимæ æмæ фæзтимæ конд у дурæй, уыимæ рагон хохаг хæдзары хуызæн. Подрядон организаци ма бакуыста террасæты гидроизоляцийыл. Уæдæ бацархайдтой бæстыхайы мидæггаг куыстытыл дæр. Цалынмæ хæдзар-музейы цалцæг нæ райдыдта, уæдмæ уал дзы раластой цымыдисаг экспозици. Хаст æм æрцыдысты, Къостайы царды рæстæг  къамтæ, чингуытæ, æндæр ахсджиаг æрмæджытæ. Ныртæккæ йæ хайгай ласынц фæстæмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania