15 октября 2019, 12:30
Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ поэзиуарзджытæн бакасти сывæллæтты популярон телепргораммæйы архайæг Реуазты Данæ
Райдайгæ актрисæ Къостайы 160 азы бонмæ бацæттæ кодта сæрмагонд программæ «Ирон фæндыр».
Уарзон поэт алы фæлтæрты минæвæрттæн. Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ поэзиуарзджытæн бакасти сывæллæтты популярон телепргораммæйы архайæг Реуазты Данæ.
Райдайгæ актрисæ Къостайы 160 азы бонмæ бацæттæ кодта сæрмагонд программæ «Ирон фæндыр». Мадзал арæзт æрцыд Национ наукон библиотекæйы. Æвзонг поэзиуарзæг æмдзæвгæтæ бакасти ирон æмæ уырыссаг æвзагыл. Уымæй дарддæр ма радзырдта стыр поэты æмæ рухстауæджы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй. Адæм ыл æмбæлыдысты тыхджын къухæмæдзæгъдæй. Кæронбæттæны та Данæмæ æнхъæлмæ касти æхсызгон лæвар, рагæй кæмæ бæллыди, уыцы гæдыйы лæппын. Балæвар ын æй кодта æвзонг журналисты скъолайы разамонæг Иринæ Белова.
темæмæ гæсгæ




