Баст уыд йæ райгуырды 107 азы бонимæ. Йæ бирæ пьесæты легендарон драматург æмæ прозаик дзырдта фæлтæрты бастдзинадыл, ныййарджыты æмæ сывæллæтты хсæн ахастдзинæдтыл, адæмты хæлардзинадыл
Хетæгкаты Къостайы хæдзар-музейы арæзт æрцыд Ирыстоны зындгонд рухстауæг æмæ æхсæнадон архайæг Хъайттаты Сергейы мысæн изæр. Баст уыд йæ райгуырды 107 азы бонимæ. Йæ бирæ пьесæты легендарон драматург æмæ прозаик дзырдта фæлтæрты бастдзинадыл, ныййарджыты æмæ сывæллæтты хсæн ахастдзинæдтыл, адæмты хæлардзинадыл. Бæлвырд фыста Фыдыбæстæйы Стыр хæсты темæйыл. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ Советон Цæдисы фысджыты Цæдисы уæнг Хъайттаты Сергей алы азты уыд республикæйы адæмон сфæлдыстады Хæдзары директор, Тугъанты Махарбеджы номыл аивадон æмæ ирон литературæйы музейты сæргълæууæг. Хорзæхджынгонд æрцыд риуылдаргæ нысанæй «Гвардия», номыл сахатæй «Маршал Кулик»-æй, стæй фыццæгтæй иу уыд «Ирыстоны сæраппонды» майданы хицау. Йæ фыццаг уацмыс – уацау «Безымянный курган» мыхуыры рацыд 1949-æм азы. Сергейы пьесæтæ «Мады зæрдæ», «Фырт», «Плиты Иссæйы фыццаг рейс» æмæ бирæ æндæртæ æвæрд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны драмон театры сценæйы. Йæ фæстаг чиныг «Дыууæ зæрдæйы» рацыд 2008-æм азы декабры.




