филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:05 вторник, 16 декабря 2025
15 ноября 2025, 10:42
Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы арæзт æрцыд Томайты Мисурханы номарæн изæр

Йе мкусджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй Мисурхан канд музейы куысты ветеран нæ уыд, фæлæ ма зындгонд прозаик

Хетæгкаты Къостайы мемориалон хæдзар-музейы арæзт æрцыд Томайты Мисурханы номарæн изæр. Йе мкусджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй Мисурхан канд музейы куысты ветеран нæ уыд, фæлæ ма зындгонд прозаик. Томайты Мисурхан у алыхуызон уацауты æмæ радзырдты автор ирон æвзагыл. Культурæйы ирд кусæг уæвгæйæ, йæ цард сбаста литературæимæ æмæ мадæлон æвзагимæ. Бирæ азты дæргъы, йæ директор уæвгæйæ, лæггад кодта Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейæн. Афтæмæй стыр æвæрæн æмæ рухс æнкъарæнтæ бахаста Цæгат Ирыстоны национ дунемæ. Томайты Мисурханы номарæн изæрмæ хуынд æрцыдысты республикæйы культурæйы кусджытæ. Се ппæт дæр дзырдтой сæ мысинæгтæ. Сæйраг хъуыды уыд иу – ныууагъта ирд фæд Ирыстоны историйы. Йе сфæлдыстады æвдисæнтæ равæрдтой сæрмагонд равдыст «Адæймаджы фæд»-ы. Изæр саив кодтой республикæйы музыкалон коллективтæ. Номарæн мадзал саразыныл бакуыстой ирон литературæйы музейы кусджытæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania