филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:31 четверг, 03 июля 2025
18 июня 2019, 12:25
Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы майы кæрон райгуырдысты 7 доныхъазы лæппыны

Кæд сыл 20 боны йеддæмæ нæма цæуы, уæддæр ныридæгæн кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ.

Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы майы кæрон райгуырдысты 7 доныхъазы лæппыны. Кæд сыл 20 боны йеддæмæ нæма цæуы, уæддæр ныридæгæн кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ. Бæстон сæм кæсынц сæ ныййарджытæ. Хæстæг сæм никæйы уадзынц. Уæвгæ та лæппынты фенынмæ алы бон дæр æрбацæуынц бирæ адæм. Уæлдайдæр та сфæлдыстадон куыст чи кæны, уыдон. Уымæн æмæ сты нæ парчы фидауц.
Ацы доныхъазты лæппынтæ ныридæгæн парчы цады сæхи хорз æнкъарынц. Нал сæ хъыгдарынц нæ газонкæрдæнты хъæр, нæ æндæр хабæрттæ. Уæдæ адæмæй дæр нæ тæрсынц. Райгуырдысты майы кæрон æмæ ныридæгæн кæнынц фыццаг уæндон къахдзæфтæ. Дæнцæгæн æрхæсдзыстæм сæ бинонты хистæрты. Дыууæ ныййарæджы дæр сæм кæсынц бæстон æмæ бæлвырд. Сæ авд лæппыны сын сты æхсызгон, æмæ абарæн кæмæн нæй, ахæм лæвары хуызы. Надежда Чеботаева кусы Хетæгкаты Къостайы номыл фæлладуадзæн парчы, ардæм арæх æрбацæуы мæргътæн хæринаг раттыны тыххæй. Хорз хъуыды кæны, сæ ныййарджытæ ма лæппынтæ куы уыдысты, уыцы рæстæг.
Зæгъæн ис, æмæ Надеждæйы йæ хъомылгæнинæгтæ хорз зонынц, æмæ йæм æвæстиатæй батагъд кæнынц, куыддæр æй ауынынц, афтæ.
Доныхъазты къай æппынæдзухдæр хъахъхъæны сæ авд лæппыны. Хæстæг сæм никæйы уадзынц. Уымæ гæсгæ иннæ мæргъты ракодтой дыккаг цадмæ. Ам дæр Надеждæйæн ис йæхи уарзон мæргътæ. Ирд дæнцæг, адæймаг æмæ мæргътæ кæрæдзи куыд æмбарынц, уымæн. Надеждæ йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй дзурынц хæлардзинады æвзагыл.
Доныхъазты лæппынтæ ацы дунейы рухс федтой 20 боны размæ. Уыдоны фенынмæ алы бон дæр æрбацæуы бирæ адæм. Уæлдайдæр та сфæлдыстадон куыст чи кæны, ахæм адæм. Зæгъæм, нывгæнджытæн цымыдисаг у æрдзы рæсугъддзинад фенын. Раст цыма аргъау у, афтæ. Ома цымыдисаг у фенын рæстæгимæ лæппынтæ рæсугъд æмæ уæздан доны хъазтæ куыд свæййынц, уый.
Зæгъын хъæуы уый, æмæ доныхъазтæ æцæгæйдæр сты нæ парчы фидауц. Ууыл алчидæр æнæ дызæрдыгæй сразы уыдзæн.
Парчы цæрæг доныхъазтæн адон сты сæ фыццаг лæппынтæ. 5 мæйы сыл куы рацæуа, уæд суыдзысты хæдбар мæргътæ. Уыимæ ахæм рæсугъд, æмæ рæвдаудзысты паркмæ алы æрбацæуæджы зæрдæ дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania