филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:59 понедельник, 15 декабря 2025
01 ноября 2025, 11:07
Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд номарæн бон

Æрымысыдысты, политикон репресситы амæттаг чи баци, уыцы цæгатирыстойнаг фысджыты æмæ аивæдты архайджыты рухс нæмттæ

Хетæгкаты Къостайы номыл Ирон литературæйы музейы арæзт æрцыд номарæн бон. Æрымысыдысты, политикон репресситы амæттаг чи баци, уыцы цæгатирыстойнаг фысджыты æмæ аивæдты архайджыты рухс нæмттæ. Цомайты Харлампий, Къубалты Алыксандр, Зæнджиаты Бæбу æмæ бирæ æндæр зындгонд адæймæгтæ сæмбæлдысты карз ныхмæлæуддзинадыл. Уымæ гæсгæ баййæфтой æфхæрд бæстæйы уæды разамындæй. Алы аз дæр октябры кæрон, милуангай æфхæрдбаййафджыты номыл ацæуынц мысæн мадзæлттæ нæ бæстæйы алы регионты. Цæгат Ирыстоны литературон музейы уазджытæн бацæттæ кодтой ирон поэтты æмæ фысджыты чингуытæ. Уымæй дарддæр арæзт æрцыдысты дискусситæ, раныхас кодтой аиваæдты архайджытæ. Мысæн мадзалы ма фенæн уыд тематикон композицитæ æмæ азæлыдысты поэтты æмдзæвгæтæ. Ацы бонæн историйы ис арф нысаниуæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania