05 февраля 2020, 12:33
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы директорæй нысангонд æрцыд Касаты Аслæнбег
Уый та зындгонд у куыд мадæлон æвзаг, традицитæ æмæ культурæ хъахъхъæныныл архайæг
Хетæгкаты Къостайы номыл ирон литературæйы музейы директорæй нысангонд æрцыд Касаты Аслæнбег. С 1984 -азæй фæстæмæ музейæн разамынд лæвæрдта РЦИ-А культурæйы сгуыхт кусæг Томайты Мисурхан. Касаты Аслæнбег та зындгонд у куыд мадæлон æвзаг, традицитæ æмæ культурæ хъахъхъæныныл архайæг. Куыста республикон газет «Рæстдзинад»-ы уацхæссæгæй. 2019 азы та сси журнал «Мах дуджы» бæрнон секретарь. Касаты Аслæнбег у Абайты Васойы æмæ Хъамбердиаты Мысосты номыл Паддзахадон премиты лауреат, поэтикон æмæ прозаикон уацмысты автор. Йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй йæ куысты фылдæр æргом здахдзæн кæстæр фæлтæры ирон литератрæйы бынтæ зонынмæ æмхиц кæныныл.
темæмæ гæсгæ




