филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:16 суббота, 28 сентября 2024
26 мая 2021, 15:28
Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы рагон фонтаны рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны

30-æм азты бетонæй конд скульптурæ горæты цæрджытæ рагæй бауарзтой, фæлæ рæстæджы цыдимæ йæ хуыз фесæфта

Скульптурæты ног цард. Хетæгкаты Къостайы номыл культурæйы æмæ фæлладуадзæн парчы рагон фонтаны рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны. 30-æм азты бетонæй конд скульптурæ горæты цæрджытæ рагæй бауарзтой, фæлæ рæстæджы цыдимæ йæ хуыз фесæфта. Парчы рацарæзты рæстæг рахастой уынаффæ, фонтан сног кæныны тыххæй. Фидараты Маринæ радзурдзæн бæлвырддæр хабæрттæ.

«Обнаженная Маха» кæнæ та «Нимфа». Афтæ хонынц горæты цæрджытæ ацы скульптурæ. Бетонæй конд æрыгон чызг рог уæлæдарæсы Ерофеевы номыл парчы фæзынди 30-æм азты райдиан. Цалдæр азы размæ скульптурæ фехæлдтой, фæлæ парчы кусджытæ сфæнд кодтой фонтан сæхи хъарутæй сцалцæг кæнын.
Уæвгæ, 30-æм азты скульптурæтæ кæй фæзындысты, уый уыди зынгæ цау. Уый размæ нæ горæты уыди æрмæстдæр иу цыртдзæвæн – Архип Осиповæн.

Хуымæтæг адæмы цардæй ист сюжеттæ, романтикон сурæттæ арæзтой бетонæй. Уæдæ сæм æфтыдтой национ мотивтæ дæр. Зæгъæм, рагон таурæгътæ дзурæг ирдæй æвдисы ивгъуыды сусæгдзинæдтæ. Кæнæ та хохаг чызг дон дæтты сæныккæн. Раздæр уыдысты фонтаны иу хай, фæлæ йæ бахъахъхъæнын нæ бантыст. Чызджы сурæт та баззад.

Хъыгагæн, бирæ скульптурæтæ фесæфтысты. Зæгъæм, горæты бирæ рæтты фенæн уыд атлетты. Афтæмæй нысан кодтой лозунг «тагъддæр, тыхджындæр, уæлдæр». Фæлæ сыл фæтых рæстæг.

Дзæуджыхъæуы фыццаг фонтан йæ рæстæджы уыд, абарæн кæмæн нæй, ахæм конструкци. Раздæр йæ сæрыл кæсаглас нæ уыди, уымæ гæсгæ дон калди дидинæджы сæрæй. Цасдæр рæстæг та дзы лæууыди хохаг чызг. Фæлæ уый фæстæ фонтан æрыздæхтой йæ бынатмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ раздæры хуыз аивта, афтæмæй.

Цалцæггонд центрон парк йæхимæ лвасы туристты дæр. Стыр æргом здахынц, национ стилы конд скульптурæтæм. Зæгъæм, сæ зæрдæмæ тынг цæуы Æфсати.

Ацы лæппуйы скульптурæйыл дæр горæты цæрджытæ тынг тыхстысты, фæлæ паркмæ æрыздæхт. Ног бынаты, æндæр бынимæ, фæлæ 90 азы фæстæ саби дарддæр цæгъды йæ музыкалон инструментыл. Нимфæ та, раст цыма йæ аргъгæнæгмæ æнхъæлмæ кæсы, уыйау рæхджы сæрттивдзæн ног ахорæнтæй, æмæ та йæхимæ лвасдзæн, рæсугъддзинадæн аргъ чи кæны, уыцы адæмы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania