филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:28 суббота, 31 января 2026
07 марта 2023, 11:34
Хи æфсæддон комани «Редан»-имæ цы уавæр сæвзæрд, уымæ цæуы карз цæстдард

Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ

Хи æфсæддон комани «Редан»-имæ цы уавæр сæвзæрд, уымæ цæуы карз цæстдард. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодтой мидхъуыддæгты министрады минæвæрттæ. Скъолаты аразынц ныййарджытимæ фембæлдтытæ. Сергей Меняйло профилон организацитæн бахæс кодта, социалон хызтæ сбæрæг кæнын æмæ сæм æнæрлæугæйæ цæст дарын. Ам сæйрагдæр у, хъуыддаг афоныл раиртасын, цæмæй фыдгæнджытæн сæ къухы ма фта, æнахъом сывæллæтты зондахаст ивын. Æмбырды ма æрныхас кодтой республикæйы эпидемиологон уавæрыл дæр. Фæлхасадмæ цæстдарды управленийы зæгъынц, хъуыддаг у рæстæмбис. Коронавирусæй рынчынты нымæц дæр фæкъаддæр 6%-мæ хæстæг. Ныхас цыди Арвы комы фæндаджы уавæрыл дæр. Цæстдарæн-уадзæн пункты сæ радмæ æнхъæлмæ кæсынц мин æмæ 2 сæдæ уæзласæн машинæйы бæрц. Шофыртæн арæзт æрцыди хъармгæнæн пункттæ, кæнынц сын алывæрсыг æххуыс. Æмбырды куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 15-æм мартъийæ Дзæуджыхъæу-Беслæны маршрутыл кусын райдайдзысты ног автобустæ. Республикæйы Сæргълæууæг ма йе ргом аздæхта, аэропортмæ бацæуæнтæм базилынмæ дæр. Уымæй уæлдай, куыд фехъусын кодтой, афтæмæй иуварсгонд æрцыдысты Дзæуджыхъæу-Алагиры маршрутыл цы къуылымыдзинæдтæ уыди, уыдон дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania