Хистæртæн дзы скодтой æппæт фадæттæ
Хистæр кары адæмæн лæггад кæнын æмæ сыл аудыны хæс йæхимæ райста Дзæуджыхъæуы геронтологон центр. Хистæртæн дзы скодтой æппæт фадæттæ. Фыццаджыдæр – фæллад суадзынæн æмæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн. Центр æххæст кæны национ проект «Демографи»-йы ахсджиаг домæнтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Процедурæты разæй æнæмæнг сбæрæг кæнын адæймаджы æнæниздзинад. Фыццаджыдæр туджы æлхъывдад æмæ сатураци. Хъыргъаты Эдуардыл цæуы 83 азы, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй йæхи æнкъары, раст ыл цыма 20 азы къаддæр цæуы, уыйау. Стыр ахъаз ын кæны геронтологон центр. Æппæт процедуртæ йын бафтауынц ног тых – зæгъы нæлгоймаг.
Эдуард цæргæбонты фæкуыста æфсæддон къабазы. Куыд зæгъы, афтæмæй йын ныр фæзынд улæфыны рæстæг. Фæлæ кары куы бацæуай, уæд уый ууыл дзурæг нæу, æмæ хъуамæ хæдзары бадай. Уымæн æмæ центр – санаторийæ æвзæрдæр нæу. Ис дзы æнæхъæн процедурæты хыгъд – физио, уд хъæддыхдæргæнæн уколтæ æмæ хорз цæстæнгас. Ис дзы æрмæстдæр иу æвзæрдзинад, хъазгæйæ дзурынц пациенттæ – рæстæджы фæстæ дзы ацæуын кæй хъæуы, уый.
Бабочиты Руслан йæ цардæмбалимæ центры фыццаг хатт не сты. Æрбацыдысты Æрæфы районæй. Сты тынг разы. Сæ бон у сахæттæм гæсгæ фыст. Куы сæ бафæнды, уæд рацæуынц кæртмæ, уæлдæфæй аулæфынмæ. Территори стыр у.
Цакъоты Светланæ центрмæ йæ цардæмбалимæ æрбацыд дыккаг хатт. Дохтыртæ сæ канд хостæй нæ дзæбæх кæнынц, фæлæ ма фæлмæн дзыхыныхасæй дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæронд адæймаджы та æндæр ницы хъæуы-зæгъы сылгоймаг.
Центрæн йæ бон у суæзæг кæнын 80 адæймаджы. 55 азы æмæ уымæй фылдæр кæуыл цæуы, уыдоны. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй дзы ныр иу уæгъд бынат дæр нал ис. Процедурæты æххæст курс ацæуæн вæййы алы 6 мæйы дæр. Уымæ гæсгæ бирæты фæнды дыккаг хатт æрбацæуын. Центр æххæст кæны национ проект «Демографи»-йы домæнтæ. Республикæйы карджын адæм сты 20 %, уый та у дунейы æвдисæнтæй 7 % фылдæр. Уымæ гæсгæ царды æмвæзад хъæуы фылдæр кæнын.
Центры вæййынц 2 къуырийæ 3 къуырийы онг. Арбацæуын æм ис социалон хъахъхъæнынады центры курдиаты руаджы. Æрмæстдæр хъæудзæн рагагъоммæ бынæттон поликлиникæйы æнæниздзинад сбæрæг кæнын.




