Мадзал арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци æххæстгæнгæйæ
Хистæркъласонты ныййарджытæ сæ тыхтæ бавзæрстой иумæйаг паддзахадон фæлварæн радтынæй. Мадзал арæзт æрцыд æппæтуæрæсеон акци æххæстгæнгæйæ. Архайджытæн раарфæ кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Мадзалы нысан у, рауагъдонтæн æмæ ныййарджытæн баххуыс кæнын, иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ бацæттæ кæнын, цæмæй къаддæр мæт кæной, стæй æхсæнады базонгæ кæнын фæлварæнты процедурæимæ. Ацы хатт иумæйаг паддзахадон фæлварæн ныффыссынæн равзæрстой истори. Ныййарджытæй фæстæмæ ма ацы бон сæ тыхтæ бавзарыны фадат уыд, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн дæр. Акцийы архайдтой Парламенты æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ дæр. Фæлварæн 3 сахаты бæсты цыд 1 сахат. Фæлварæны фæстæ арæзт æрцыд Алыбекты Эллæимæ пресс-конференци паддзахадон хатдзæгтæгæнæн аттестацийы фарстаты фæдыл.




