08 августа 2014, 14:08
Хицауад æркаст 17 фарстамæ. Радон æмбырд амыдта Такъоты Сергей
Ныхас цыд, афæдзы фыццаг æмбисы республикæйы бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, ууыл. Финансты министр Наталья Царева куыд радзырдта, афтæмæй фаронимæ абаргæйæ, æфтиæгтæ рауадысты 12% фылдæр, хæрдзтæ та 6,6% фылдæр. Æппæт паддзахадон хæстæ æххæстгонд цæуынц. Дарддæр хатдзæгтæм æркæсдзæн Парламент.

Хицауад рахаста уынаффæ бындурон зонадон куыстытæн республикон бюджетæй æхца радих кæныны фæдыл. Фæллой æмæ социалон рæзты министрад куыд банымадта, афтæмæй ацы азы 2 кварталы нæ республикæйы фæцæрынæн æппынкъаддæр рæстæмбис нымадæй бахъуыд 7 мины æмæ 174 сомы. Куыстхъом адæймагæн – 7 мины æмæ 622 сомы, пенсиисæгæн – 5 мины æмæ 830 сомы, сывæллонæн та – 7 мины æмæ 223 сомы. Раздæры кварталимæ абаргæйæ, ацы бæрæггæнæнтæ фæбæрзонддæр сты.
Такъоты Сергей куыд фехъусын кодта, афтæмæй иртæстгонд æрцыд Уæрæсейы санитарон-эпидемиологон уавæр, стæй, адæмы æнæниздзинадыл куыд ахады, уый. Цæгат Ирыстоны æвдисæнтæ иумæйаг æппæтуæрæсеон бæрæггæнæнтæй æвзæрдæр не сты. Уыимæ ма бакусинаг фарстатæ дæр ис. Министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæн лæвæрд æрцыд бæлвырд хæстæ.
темæмæ гæсгæ