филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:52 суббота, 21 сентября 2024
09 ноября 2012, 09:21
Хицауады æмбырды хатдзæгтæ скодтой, республикон бюджет ацы азы 9 мæймæ куыд æххæстгонд æрцыд, уымæн

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Хатдзæгтæ скодтой, республикон бюджет ацы азы 9 мæймæ куыд æххæстгонд æрцыд, уымæн.

Финансты министрады информацимæ гæсгæ, хъалонты æфтиæгтæ сырæзтысты 15%

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта
йæ йæ сæрдар Такъоты Сергей. Хатдзæгтæ скодтой, республикон бюджет ацы
азы 9 мæймæ куыд æххæстгонд æрцыд, уымæн.

Финансты министрады информацимæ гæсгæ,
хъалонты æфтиæгтæ сырæзтысты 15%. Уыимæ акцизты бæрц къаддæр гæнгæ цæуы.
Иумæйагæй бюджет сæххæст кодтой профицитимæ. Æрдзырдтой ма, энергетикон
комплекс æмæ цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад зымæгмæ куыд цæттæ сты,
ууыл. Мадзæлтты пълан æххæстæй конд æрцыд. Такъоты Сергей бахæс кодта,
цæмæй хæстæгдæр рæстæг иуварсгонд æрцæуой, цæстдарæг ведомствотæ
цæрæнуæтты æмæ коммуналон кусæндæтты цы бакусинаг фарстатæ раиртæстой,
уыдон. Фидаргонд æрцыд, цæрæнуæтты-арæзтадон кооперативты уæнгтæй уæвыны
бар кæмæ ис, ахæм гражданты номхыгъд. Фæллой æмæ социалон рæзты
министрад куыд банымадта, афтæмæй ацы азы 3 кварталы нæ республикæйы
фæцæрынæн æппын къаддæр рæстæмбис нымадæй бахъуыд 5 мины æмæ 373 сомы.
Уыимæ куыстхъом адæймагæн – 5 мины æмæ 818 сомы, пенсиисæгæн – 4 мины
æмæ 376, сывæллонæн та – 5 мины æмæ 172 сомы. Раздæры нымæцтимæ
абаргæйæ, сты бæрзонддæр. Æрдзырдтой æндæр фарстатыл дæр.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania