филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:01 воскресенье, 19 мая 2024
24 ноября 2023, 11:10
Хицауады æмбырд ацы хатт ацыд Мæздæджы районы

Дзанайты Барис министртимæ бабæрæг кодтой социалон  бæстыхæйттæ, стæй æркастысты цалцæггæнæн куыстытæм дæр

Хицауады æмбырд ацы хатт ацыд Мæздæджы районы. Дзанайты Барис министртимæ бабæрæг кодтой социалон  бæстыхæйттæ, стæй æркастысты цалцæггæнæн куыстытæм дæр. Фæстаг 2 азмæ Мæздæджы районы райрæзтæн радих кодтой 4 миллиард сомы æмæ рдæг. Фарон Уæрæсейы Хицауад республикæйы социалон – экономикон райрæзты программæмæ бахаста Мæздæджы районы 12 объекты. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Сухотскийы цæрджытæн фадат фæзынд донæй парахатæй пайда кæнын ног дондзæуæн хызты руаджы. Уымæй уæлдай ма сарæзтой ног бырутæ, базылдысты æмæ срæсугъд кодтой станцæйы территори дæр. Дондзæуæн системæйы ивддзинæдтæ æрцыд Виноградныйы дæр. Хицауады æмбырды фæлгæты нæ республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн бабæрæг кодта цалцæггонд объект.

Мæздæджы районы 5 хъæуæн лæггад кæны иу амбулатори. Йæ цалцæгмæ æнхъæлмæ кастысты æнæхъæн районы цæрджытæ. Ныр ног бæстыхайы кусдзысты 6 дохтыры. Куыстыты цыдмæ æркаст республикæйы æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр. Уымæй уæлдай ма Тебиаты Сослан æркаст, Павлодскæйы фельдшерон-акушерон пункты арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уымæ дæр.

Хицауады сæрдар Дзанайты Барис йæ кусæг балц райдыдта Хъызлары спортивон комплексæй æмæ скъолайæ. Премьер æркаст куыстыты цыдмæ. Скъола аразын райдыдтой 2020-æм азы, фæлæ фæрæзтæ кæй нæ фаг кодтой, уымæ гæсгæ куыстыты цыд баурæдта. Нæ республикæйы сæргълæууæджы руаджы куыстытæн федералон бюджетæй рахай кодтой 300 милуан сомы онг.

Дзанайты Барис бабæрæг кодта, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, уый –  Светлана Чены. Æрæджы сылгоймаг курдиат ныффыста республикæйы разамындмæ, цæмæй йын баххуыс кæной йæ цæрæнбынатимæ. Æмæ Хицауады резервон фондæй Светланæйы бинонтæн радих кодтой иу милуан æмæ 300 сомы. Премьер бабар кодта районы разамындæн, цæмæй хæстæгдæр рæстæг хæдзармæ бауадзой дон æмæ газ дæр.

Фæстаг 2 азмæ Мæздæджы районы райрæзтæн радих кодтой 4 миллиард сомы æмæ рдæг. Хицауады æмбырды сæйраг фарстатæй иу у Мæздæджы районы социалон – экономикон райрæзт.

Фарон Уæрæсейы Хицауад республикæйы социалон – экономикон райрæзты программæмæ бахаста Мæздæджы районы 12 объекты. Уый руаджы ацы аз фæахъаз кодтой 5 бæстыхайæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania