филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:02 суббота, 31 января 2026
04 августа 2023, 11:37
Хицауады æмбырды æрдзырдтой ног ахуыры азмæ скъолаты цæттæгæнæн мадзæлттыл

Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис

Хицауады æмбырды æрдзырдтой ног ахуыры азмæ скъолаты цæттæгæнæн мадзæлттыл. Æмбырдæн разамынд лæвæрдта Хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Ныридæгæн бындурон цалцæг кæнынц республикæйы 40 скъолайæ фылдæры. РЦИ-А арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Атарты Георгий куыд зæгъы, афтæмæй бæстыхæйтты цалцæггæнæн куыстытæ фæуыдзысты афойнадыл. 2022-æм æмæ 2023-æм азты скъолаты бындурон цалцæджы программæ æххæст кæнгæйæ, Цæгат Ирыстоны сног кæндзысты 66 ахуыргæнæндоны. Рахай сын кодтой 4 миллиард сомы онг. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ Цæгат Ирыстонæн радих кæндзысты фæрæзтæ, цæмæй 2 азмæ, бæлвырддæр та 2024-æм æмæ 2025-æм азты сцалцæг кæной ноджыдæр 20 ахуырадон бæстыхайы. Уыдонæн та рахай кодтой 2 миллиард сомы. Уымæй уæлдай ма курдиæттæ арвыстой 76 скъолайы тыххæй. Куыстытæ цæудзысты 2024-æй 2026-æм азмæ – зæгъы Дзанайты Барис.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania