Баст сты: социалон, экономикон, ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады æмæ фæндаггон инфраструктурæйы къабæзтимæ
Хицауады æмбырды хаст æрцыдысты ахсджиаг уынаффæтæ. Баст сты: социалон, экономикон, ахуырады, æнæниздзинадхъахъхъæнынады, цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады æмæ фæндаггон инфраструктурæйы къабæзтимæ. Æмбырд райдыдта кадрты фарстайæ. Сæхи куысты бынæтты ногæй нысангонд æрцыдысты экономикон рæзты министры хæдивæг Туаты Георгий æмæ туризмы Комитеты сæрдары хæдивæг Тебиаты Мæдинæ. Ивддзинæдтæ ма хаст æрцыдысты Хицауады Уагæвæрдмæ. Баст сты Цæгат Ирыстоны инфраструктурæйы проекттимæ. Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой, сæ фæрæзтæ арæзтадыл чи схардз кодта, уыцы адæмы бартæ хъахъхъæныны фæндаггон картæ. Ныхас цæуы бирæфатерон хæдзæрттыл. Се ппæт дæр сты республикæйы территорийы æмæ сæ бахастой фарстайаг объектты иумæйаг реестрмæ. Сфидар ма кодтой, сæ цæрыны уавæртæ фæхуыздæр кæнын кæмæн хъæуы, ахæм адæмæн субсидитæ æмæ сертификаттæ дæттыны хыгъдтæ. Хорзыл банымадтой медицицнон лæггæдты паддзахадон гарантиты территориалон программæ. Ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ æркæсынмæ бахаста проект, ахуырады центртæ «Точка роста» саразыны тыххæй. Уыцы куыст цæуы, национ проект «Ахуырады» федералон проект «Нырыккон скъола» æххæст кæнгæйæ. Хорзыл ма банымадтой проект, фидæны аз сывæллæтты технопарк «Кванториум» Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы байгом кæныны тыххæй.




