филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:46 пятница, 26 апреля 2024
02 ноября 2022, 11:20
Хицауады æркастысты муниципалон скондты бюджеттæм 2023-æм азы, стæй 2024-æм-25-æм азты нысантæм

Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис

Хицауады æркастысты муниципалон скондты бюджеттæм 2023-æм азы, стæй 2024-æм-25-æм азты нысантæм. Æмбырд амыдта премьер Дзанайты Барис. Архайдта дзы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Исахъты Олег дæр. Æркастысты Алагиры æмæ Æрыдоны районты бюджеттæм. Сæйраг хæрдзты хсæн – социалон къабаз, æнæниздзинадхъахъхъæнынад, ахуырад, ног объектты арæзтад æмæ фæндæгты цалцæг. Дзанайты Барис куыд загъта, афтæмæй сæйраг хæс у, бахынцын бюджетон хæрдзтæ æмæ æфтиæгты гуырæнты гæнæнтæ. Премьеры ныхæстæм гæсгæ, ахсджиаг у, республикæйы цæрджыты раз социалон хæстæ æнæ къуылымпытæй сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania