филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:57 понедельник, 14 июля 2025
21 ноября 2013, 17:21
Хицауады хæдзары абон схорзæджын кодтой спорсменты, тренерты æмæ фæсивæдон политикæйы хуыздæр архайджыты

Æдæппæттæй уыдысты 80-йы бæрц.

Майдантæ æмæ риуылдаргæ нысантæ сын кадджын уавæры лæвæрдтой хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей æмæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Челæхсаты Рустем.

Хицауады хæдзары абон схорзæджын кодтой спорсменты, тренерты æмæ фæсивæдон политикæйы хуыздæр архайджыты. Æдæппæттæй уыдысты 80-йы бæрц.

Майдантæ æмæ риуылдаргæ нысантæ сын кадджын уавæры лæвæрдтой хицауады сæрдары хæдивæг Таболты Сергей æмæ республикæйы фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министр Челæхсаты Рустем.

Дзюдойæ, самбойæ, фехтованийæ, хъæбысхæстæй, аивадон гимнастикæйæ, æрмхæстæй хуыздæр спортсменты схорзæхджын кодтой «Уæрæсейы спорты сгуыхт мастер» æмæ «Дунеон къласы Уæрæсейы спорты мастер»-ы нæмттæй.

Республикæйы сæргълæууæджы номæй тренертæн радтой «Цæгат Ирыстоны физикультурæ æмæ спорты сгуыхт кусджыты» нæмттæ стæй кады гæххæттытæ æмæ арфæйы фыстæджытæ.

«Ирыстоны намысы» майданæй схорзæхджын кодтой сывæллæтты æмæ æвзонг спортсменты спортивон скъолайы фехтованийæ тренеры Людмила Щербичы.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania