Дзанайты Барис ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй хатдзæгтæгæнæн документ аразгæйæ цы фарстатæ сæвзæрд, уыдон лыг кæнгæйæ æмгуыстад кæной парламенты профилон комитеттимæ
Хицауады кусынц 2030-æм азы онг республикæйы экономикæйы хицæн къабæзты рæзты стратегийыл. Дзанайты Барис разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды транспорты æмæ фæндаггон инфраструктурæйы комитеты сæрдар Солиты Тариэль фыццаградон нысанты хсæн йе ргом аздæхта республикæйы транспортон-логистикон комплексы управленийы иумæйаг системæйыл бакуыстмæ, муниципалон транспорты парк фестырдæр кæнынмæ, стæй фæндаггон фыдбылызтæ фæкъаддæр кæныны хъуыддагмæ. Хъæууон хæдзарады министр Къусраты Алан куыд радзырдта, афтæмæй ведомствæ архайы хъæууонхæдзарадон продукцийы хуызтæ фæфылдæр кæныныл, стæй ацы къабазы фæлтæрдджын кадртæ цæттæ кæныныл. Афтæ, республикæйы скъолаты байгом 11 профилон агрокълæстæ, ахуыр дзы кæндзысты 200 сывæллоны бæрц. Аграритæ фылдæр æххуыс райсдзысты национ проект «Чысыл æмæ астæуккаг амалхъомдзинадæн æххуыс»-ы фæлгæты. Дзанайты Барис ведомствæты разамонджытæн бахæс кодта, цæмæй хатдзæгтæгæнæн документ аразгæйæ цы фарстатæ сæвзæрд, уыдон лыг кæнгæйæ æмгуыстад кæной парламенты профилон комитеттимæ.