филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

15:15 суббота, 28 сентября 2024
20 января 2021, 13:14
Хицауады преми райсыны конкурсы хуыздæр æрмæгыл нымад æрцыд газет «Дыгуры Хабæрттæ»-йы журналисты куыст

Номинаци «Кад æмæ Намысы»

Фыццаг хатт Республикæйы хицауады преми райсыны конкурс, номинаци Кад æмæ Намысы, хуыздæр мыхуыры фæрæзы рацæуæг æрмæгыл нымад æрцыд  Дыгуры районы газет «Дыгуры Хабæрттæ»-йы журналисты куыст. Сосранты Жаннæ фембæлд Рæмонты Зæлинæимæ æмæ йын базыдта  йæ æнæнхъæлæджы хабары æнкъарæнтæ.

Ахæм диссаджы ныхæстæй цы æрмæг рахаста адæмы цурмæ газет «Дыгуры хабæрттæ»-йы журналист Рæмонты Зæлинæ, уый æнæ æрхъуыдыйæ кæй нæ баззад, уый хæссы æхцондзинад. Сси  республикæйы сæргълæууæджы  премийы аккаг куыст.

Зæлинæ газетмæ æрбацыди  ахуыры фæстæ, æмæ 20 азмæ хæстæг, уарзонæй кæны йæ куыст. Йæ алы ныффыст æрмæджы дæр фæхъуыды кæны йæ кæсæджы æнкъарæнтыл.

Уæвгæ, цымыдисаг куыд нæу Дур-дуйраг чызг журналисты дæсныйадыл хæст кудæй фæци,уый.

Æвæццæгæн йæ дæсныйадыл афтæ æнувыд чи вæййы, уый фидæнмæ дæр йæ размæ февæры стырдæр хæстæ, зындзинæдтæй нæ тæрсæгæйæ. 

Адæймаг йæ царды фылдæр хай цы куысты æрвита, уый разамынд æмæ коллективмæ йæ зæрдæ куы нæ райа, уæд йæ фæндаг тынг фæцыбыр кæндзæн, фæлæ «Дыгуры Хабæрттæ»-йы фæлтæрджын кусджыты астæу та зæрдæ æндæр хъуыддæгтæ нæ агуры.

Афтæмæй, уавæртæ цы кусджытæн арæзт æрцæуы, уыдоны фæллæйттæ  та æнæ хъапп нæ разынынц, уымæн æвдисæн Рæмонты Зæлинæйы куыст.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania