филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:11 понедельник, 14 июля 2025
17 октября 2013, 11:10
Хицауады радон æмбырды æркастысты паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæ дæттыны центртæ æрбынæттон кæныны схемæмæ

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Фидаргонд æрцыдысты бирæфатерон хæдзæрттæм зилыны цалдæр уагæвæрды. Æркастысты паддзахадон æмæ муниципалон

Абон уыд Хицауады радон æмбырд. Амыдта йæ Такъоты Сергей. Фидаргонд æрцыдысты бирæфатерон хæдзæрттæм зилыны цалдæр уагæвæрды. Æркастысты паддзахадон æмæ муниципалон лæггæдтæ дæттыны центртæ æрбынæттон кæныны схемæмæ. Хъуамæ республикæйы цæрджытæн уой æнцонвадат. Æмбырды æрдзырдтой Дзæуджыхъæуы æмæ районты 16 чысыл спортивон фæзы сифтонг кæныныл, стæй, «Организациты исбоны хъалоны тыххæй» закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл. Электрон тыхдæттæн æмæ хъармгæнæн кусæндæттæн амæй фæстæмæ сæ исбоныл æвæрд хъалон фидгæйæ льготæтæ нал уыдзæн. Ахæм уынаффæ баст у, уыцы льготæтæ бюджетæн пайда кæй не сты, уыимæ. Такъоты Сергей Хицауады уæнгтæн бахæс кодта хæрдзтæ къаддæр кæныныл бакусын, стæй бюджеты æфтиæгты хай фылдæр кæнынæн уæлæмхасæн фæрæзтæ агурын. Хъæууон хæдзарады мæргътæ æмæ хуытæ дарыны куыст чи кæны, уыдон паддзахадæй райсдзысты субсидитæ. Æмбырды фидаргонд æрцыд хæдзарæдтыл æхца уарыны уагæвæрд.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania