Æмбырды райдианы Хицауады сæрдар Такъоты Сергей бадомдта, цæмæй æппæт фарстатæ дæр цæттæ кæной афоныл, стæй куыд æмбæлы, афтæ.
Республикон бюджетмæ хаст æрцыдысты ивддзинæдтæ. Баст сты, фарон кæй не схардз кодтой, уыцы æхца ногæй хъæугæ объекттыл адих кæнынимæ. Фидаргонд æрцыд инвестицион программæ. Нысангонд дзы сты 787 милуан сомы. Уыдонæй 174 милуаны сты, ныридæгæн цы куыстытæ конд æрцыдысты, уыдонæн кæй нæма бафыстой, уыцы фæрæзтæ. Программæмæ гæсгæ, арæзтадон æмæ цалцæггæнæн мадзæлттæ конд цæудзысты коммуналон инфраструктурæйы, социалон къабæзты объектты. Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой хъæууонхæдзарадон куыстуæттæн субсидитæ фидыны уагæвæрдтæ. Хаст ма æрцыд уынаффæ, республикæмæ хуыты емынæ æмæ мæргъты грипп ма ‘рбауадзыны мадзæлттæ фæкардзæр кæныны тыххæй. Уымæ гæсгæ, рæстæгмæ бар нæ уыдзæн æндæр рæттæй мæргъты продукци ласынæн, маргъдарæн куыстуæттæ та кусдзысты æхгæд фæткмæ гæсгæ. Сæрмагонд уынаффæ ма хаст æрцыд, Беслæны террористон акты хъыгдард баййафджытæн цæрæнуæттæ раттыны фарстайы фæдыл. Нырма уал фидаргонд æрцыд номхыгъд 150 адæймагæй.
Базраты Валентин, РЦИ-Аланийы Хицауады сæрдары хæдивæг: «Уыцы фарстайыл мах кусæм рагæй. Беслæны теракты чи бахауд, уыдонимæ дæр бирæ хæттыты æмбæлдыстæм, Мæскуымæ дæр дæсгай хæттыты ацыдыстæм. Адæм гыццыл стыхстысты, фæлæ нæ санчъехтæ фæфылдæр сты, фестырдæр сты. Иннæ æмбырдмæ дæр бирæ фарстатæ рахæсдзыстæм, цæмæй адæм сæ гæххæттытæ райсой. Адæмæн равдыстам бынат, хæдзæрттæ кæм амайдзыстæм, уый. Сывæллæттæ сдынджыр сты. Чи сæ ахуыр кæны, чи æндæр рæттæм ацыд. Дзæуджыхъæуы хорз бынат ссардтам «Ихын галуаны» цур. Хорз арæзтадон куыстуат равзæрстам. Кæд æмæ аслам аргъæй араздзысты, уæддæр уыдзысты хорз, куыд æмбæлы, афтæ».




