Мадзал арæзт æрцыд, «Транспортон куъыри» æххæст кæнгæйæ
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видео-конференцийы хуызы архайдта Уæрæсейы субъектты транспорты комплексы рæзты Советы æмбырды. Мадзал арæзт æрцыд, «Транспортон куъыри» æххæст кæнгæйæ. Æмбырд амыдта Федерацийы Советы экономикæйы политикæйы комитеты сæрдар Андрей Кутепов. Ныхасы архайдтой сенатортæ, федералон ведомствоты минæвæрттæ, æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты разамонджытæ. Стыр æргом аздæхтой алы бæстæтимæ транспортон-логистикон системæйы фæдыл æмгуыстады, стæй æппæтадæмон бастдзинæдтæ фидардæр кæныны фарстатæм. Ныхас ма цыд инфраструктурæйы рæзтыл, цæстдарæн-уадзæн пунктты хъомысыл. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, «Транспортон къуыри-2024» цыди Мæскуыйы 19-æмæй – 21-æм ноябры онг. Ацы къабазы сæйраг цау фæцæуы 18 азы дæргъы Уæрæсейы транспорты Министрады хъæппæрисæй. Йæ нысан у паддзахадон хицаудзинады минæвæртты æмæ бизнес-æхсæнады хсæн ахастдзинæдтæ фидардæр кæнын.