Ныхас цыд культурон бынтæ хъахъхъæныны æмæ пайда кæныны фарстатыл. æмбырд амыдта Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров
Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис видеоконференцийы хуызы архайдта кусæг къорды æмбырды. Ныхас цыд культурон бынтæ хъахъхъæныны æмæ пайда кæныны фарстатыл. æмбырд амыдта Уæрæсейы Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг Цæгат Кавказы федералон зылды Максим Владимиров. Видеоконференцийы хатдзæгтæ скодтой 2025-æм азы куыстæн, радзырдтой сæ фæлтæрддзинады тыххæй. Уыимæ хаст æрцыд уынаффæ, уæлдай æргом аздахын, культурон бынты объекттæ хъахъхъæнджытæм æмæ арендатортæм. Цæмæй бæстон цæстдард цæуа цыртдзæвæнтæм æмæ хъахъхъæнæн зонæтæм. Ног арæзтадтæн дзы бынат нæ уыдзæн. Уæлдайдæр та историон хуыз чи хала, ахæмтæн. Уæрæсейы иумæйаг паддзахадон реестры ныртæккæ ис 700 объекты. Цæгат Ирыстоны та культурон хæзнатыл банымадтой 1200 объекты. Федералон æмæ республикон фæрæзтæй сцалцæг кодтой Едзиты Сослæнбеджы конд къул Алагиры æмæ Дзæуджыхъæуы фидары къулы хай. Базылдысты, 12-æм æнусы арæзт Нузалы кувæндонмæ. Хыгъды сты
Фæсналы мæсгуыты дзæппаз, Брытъиаты мæсгуытæ Дæллагхъæуы æмæ æндæр цымыдисаг объекттæ.




