Бæрнон кусджытæ æркастысты ахсджиаг фарстатæм. Се хсæн – адæмæн æххуыс, субъекты социалон-экономкион рæзт, куыст дæттыны фарстатæ æмæ афтæ дарддæр. Бæлвырддæр та – сфидар кодтой фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнæг программæ 2024-2026-æм азтæн. Экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров куыд фехъусын кодта, афтæмæй сæйрагдæр хæстæм хауынц ахадгæ системæйыл бакусын, адæмы барадон зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын, товарты, куысты æмæ лæггæдты æдасдзинадыл бакусын. Дзанайты Барисы базонын фæндыд, министрад сæ лæггæдтæм цавæр цæст дары, стæй закъонæвæрынады аипдзинæдтæ куыд не руадзынц, уый. Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæнын, уый у нæ ахсджиагдæр хæстæй иу, – загъта премьер.
Æмбырды иннæ ахсджиаг фарста баст уыд – цæрæнуæттæ аразынмæ хайгай фæрæзтæ чи бахаста, уыдоны бартæ куыд хъахъхъæд цæуынц, уыимæ. Хицауады уæнгтæ æркастысты бирæфатерон хæдзæртты арæзтады «фæндаггон картæ»-мæ. Арæзтады æмæ архитектурæйы министры хæдивæг Тебиаты Аслан куыд фехъусын кодта, афтæмæй бацæттæ кодтой Хицауады амынддзинæдты проект, бирæфатерон хæдзæртты арæзтады фæдыл. Афтæ Тогойты уынджы объекты куыстытæ кæронмæ фæхæццæ кæнынц. Бæстон кæсынц иннæ фарстайаг объекттæм дæр.
Хицауады æмбырды ма сфидар кодтой документты хыгъд. Баст у æнæзакъон архайды ныхмæ ведомствоты хсæн къамисы куыстимæ. 5 мæймæ раиртæстой 3 мин ахæм адæймагæй фылдæр. Уыдонæй ныр 2 мины æмæ 5 сæдæ адæймаджы рахыхтысты закъоны бындурыл куыстмæ. Ахæм архайд кæнгæйæ, адæм хъахъхъæд цæудзысты закъонмæ гæсгæ æмæ исдзысты паддзахадон æххуыс, – загъта Дзанайты Барис.
