филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:05 воскресенье, 01 февраля 2026
15 августа 2023, 11:40
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, республикæйы рæзты фыццаградон хæстæ æххæст кæныны фæдыл æмбырд

Бæрнон кусджытæ æркастысты 2024-2026-æм азты республикон инвестицион программæйы проектмæ

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд, республикæйы рæзты фыццаградон хæстæ æххæст кæныны фæдыл æмбырд. Бæрнон кусджытæ æркастысты 2024-2026-æм азты республикон инвестицион программæйы проектмæ. Бавдыста йæ Цæгат Ирыстоны экономикон рæзты министры фыццаг хæдивæг Олег Быкадоров. Документ арæзт æрцыд, республикæйы æххæстгæнæн хицаудзинады оргæнты хъуыдытæ хынцгæйæ. Проеткмæ гæсгæ фæрæзтæ радих кæнын хъæуы паддзахадон программæтæ æмæ национ проекттæ æххæст кæнынæн. Уымæй дарддæр, социалон ахадындзинад кæмæн ис, ахæм объектты арæзтадæн æмæ рацарæзтæн проектон-сметон документаци скæнынæн. Премьер ма бафарста, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы амынддзинæдтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый тыххæй. Цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады, артаджы æмæ энергетикæйы министр Таматы Майрæн куыд радзырдта, афтæмæй ныртæккæ лыггонд цæуы донæй ифтонг кæныны фарста Малый Малгобекы. Къуырийы мгъуыдмæ хъæуы ногæй фæзындзæн нуазыны дон инженерон системæйы фæрцы. Ног ахуыры азы та бынæттон скъоладзауты ласдзысты сæрмагонд автобусæй. Уый тыххæй фехъусын кодта ахуырады æмæ наукæйы министр Алыбекты Эллæ. Раздæр-иу сывæллæттæ цыдысты фистæгæй цалдæр километры. Фарста лыггонд æрцыд Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ. Медицинон фарстатыл дзургæйæ, хицауады сæрдары хæдивæг Александр Реутов фехъусын кодта, кæй фæнд кæнынц фельдшеры снысан кæнын. Уый Малый Малгобекы цæрджытæн кæндзæн фыццаг медицинон æххуыс. Уымæй дарддæр ацы боны диспансеризаци ацыдысты Мæздæджы районы центрон рынчындоны. Арæзтады æмæ архитектрурæйы министр Атарты Георгий та радзырдта, Малый Малгобекы æмæ Предгорныйы цæрджытæн кæй цæттæ кæнынц программæ, ламидæттæй тæссаг зонæйæ ног цæрæнуæттæм раивыны тыххæй. Æмьырды ма стыр æргом аздæхтой Запорожьейы облæсты Черниговы районы æххуысы мадзæлттæм.

 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania