филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:50 воскресенье, 01 февраля 2026
25 августа 2022, 11:56
Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд

Архайдтой дзы профилон министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ, æмæ ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысоны» арæзтадыл

Хицауады сæрдар Дзанайты Барисы разамындæй арæзт æрцыд сæрмагонд æмбырд. Архайдтой дзы профилон министрадты æмæ ведомствоты разамонджытæ, æмæ ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны æппæт сезонты кусæг туристон-рекреацион комплекс «Мамысоны» арæзтадыл. Фарстаты хсæн уыдысты – объектæн инженерон инфраструктурæ саразын, ома доны, электрон тыхы æмæ газы хызтæ бауадзын. Уымæй дарддæр æддагон коммуналон хызтæн проектон-сметон докментацийыл бакусын, стæй фæндаггон инфраструктурæйы объекттæ царды рауадзын. Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ, республикæйы Хицауад æнгом æмгуыстад кæны æххæстгæнæн хицаудзинады профилон федералон оргæнтимæ, цæмæй егъау объектыл куыст цæуа, куыд æмбæлы, афтæ. Курорт «Мамысон» у нæ республикæйы ахсджиагдæр æмæ егъаудæр объект. Уымæй аразгæ у туристон къабазы, стæй регионы социалон-экономикон райрæзт. Уымæ гæсгæ ахсджиаг у куыстыты алы къæпхæн дæр æмгъуыдмæ гæсгæ æххæст кæнын, – загъта Хицауады сæрдар.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania