филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:02 среда, 09 апреля 2025
05 апреля 2025, 11:08
Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæйы разамындæй арæзт æрцыди, республикон программæ «Ирыстоны намыс»-ы организацион комитеты æмбырд

Ныхас цыди проекты дыккаг къæпхæнмæ цæттæ кæныны мадзæлттыл

Хицауады сæрдары хæдивæг Платы Альбинæйы разамындæй арæзт æрцыди, республикон программæ «Ирыстоны намыс»-ы организацион комитеты æмбырд. Ныхас цыди проекты дыккаг къæпхæнмæ цæттæ кæныны мадзæлттыл. Проекты архайджыты 7-æм апрелы онг хи кабинетты хъæуы тестытæ онлайн хуызы баххæст кæнын, дыууæ хайæ: «Интеллектуалон компетенци» æмæ «Разамонæджы хъомысæн аргъ скæнын». Тест сæххæст кæнын ис æрмæстдæр иу хатт. Финал уыдзæн 14-æм апрелæй 16-æм майы онг. Æвзарæн къæпхæн чи ацæуа, уыдонæн фадат уыдзæни интенсивон ахуырадон курсы архайынæн. Программæ  «Ирыстоны намыс» ахадгæ у фидар командæ скæнынмæ. Сæйраг нысан та – сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй квалификацион разамонджытæ цæттæ кæнын, уый фæстæ паддзахадон хицаудзинады оргæнты, стæй æндæр æхсæнадон организацион оргæны чи куса, ахæмты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania